филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:10 суббота, 31 января 2026
05 октября 2024, 14:23
Ахуыргæнæджы боны агъоммæ педагогтæн раарфæ кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы

Кадджын мадзалы архайдта зындгонд телеамонæг, Уæрæсейы адæмон артист Леонид Якубович

Ахуыргæнæджы боны агъоммæ педагогтæн раарфæ кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы.  Кадджын мадзалы архайдта зындгонд телеамонæг, Уæрæсейы адæмон артист Леонид Якубович. Бузныг загъта ахуыргæнджытæн се *нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй æмæ фæнысан кодта, педагог ахсджиагдæр дæсныйæдтæй иу кæй у, уый. 80 ахуыргæнæджы хорзæхджынгонд æрцыдысты алыхуызон хæрзиуджытæй. Сæ хыгъды – ахуырады æмæ наукæйы министрады, парламенты, Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды æмæ администрацийы сæргълæууæджы, стæй горæты минæвæртты æмбырды разамонæджы кады гæххæттытæ. Ахуыргæнджытæн раарфæ кодтой Алыбекты Эллæ, Милдзыхты Вячеслав, Таболты Сергей. Куыд загътой, афтæмæй педагогтæ сывæллæттимæ цы хъомыладон куыст кæнынц æмæ сын цы бындурон зонындзинæдтæ дæттынц, уыдонæй уый фæстæ ахадгæйæ фæпайда кæнынц сæ цардвæндагыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania