08 октября 2024, 10:26
Мæздæджы дыууæ скъолайы байгом сты æнæ пилотæй чи тæхы, ахæм системæты кълæстæ
Сарæзтой сæ профилон федералон проектмæ гæсгæ
Мæздæджы дыууæ скъолайы байгом сты æнæ пилотæй чи тæхы, ахæм системæты кълæстæ. Сарæзтой сæ профилон федералон проектмæ гæсгæ. Йæ фæлгæты сæрмагонд ахуыртæ ацыдысты ахуыргæнджытæ дæр. Кадджын мадзалы архайдтой Мæздæджы районы ахуырады управленийы разамонæг Неля Гаспарянц æмæ сывæллæтты технопарк Кванториумы директор Мурад Джахаев. Ахуыргæнæндæтты сарæзтой æппæт уавæртæ сывæллæттæ ахуыр кæнынæн. Амондзысты сын æнæ пилотæй системæтæ аразын, цалцæг кæнын æмæ семæ архайын. Ис дзы ахуыргæнæн кабинеттæ, тренировкæтæн фæзтæ æмæ ифтонгарз цалцæггæнæн бынæттæ.
темæмæ гæсгæ




