Сæ иу – зындгонд скульптор Тауаситы Сослæнбег, иннæ та нывгæнæг-график Хохты Аслæнджери
Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы байгом равдыст, æмæ баст у ирон аивады дыууæ хъуыстгонд архайæджы райгуырды 130 азы бонимæ. Сæ иу – зындгонд скульптор Тауаситы Сослæнбег, иннæ та нывгæнæг-график Хохты Аслæнджери. Ирд мастертæ стыр æвæрæн бахастой аивады рæзтмæ. Равдыстадон залы фенæн ис 40 экспонатæй фылдæр. Хохты Аслæнджерийы графикон сыфтæ раздæр никуы равæрдтой. Уыдон сты пейзажтæ, портреттæ, уæлæдарæсы эскизтæ, сюжетон уацмыстæ. Конд сты алы техникæты. Иугонд экспозицийы зынгæ хай ахсынц Тауаситы Сослæнбеджы скульптурæтæ. Конд сты дурæй, мраморæй, хъæдæй, стæй ма фондз графикон уацмысы. Ирдæй дзы вдыст цæуы хохаг адæмы, партизанты, революционерты æмæ мидхæсты архайджыты цард. Уæлдай бынат йе сфæлдыстады ахсы сылгоймаджы рæсугъддзинады темæ.




