филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:35 суббота, 28 декабря 2024
25 декабря 2024, 10:38
Дзæуджыхъæуы байгом курдиатджын адæмы конд куклаты равдыст «Зымæгон аргъæуттæ»

Бакуыстой сыл Уæрæсейы нывгæнджыты цæдисы уæнг Дзиуаты Земфирæ йæ ахуыргæнинæгтимæ

Дзæуджыхъæуы байгом курдиатджын адæмы конд куклаты равдыст «Зымæгон аргъæуттæ». Бакуыстой сыл Уæрæсейы нывгæнджыты цæдисы уæнг Дзиуаты Земфирæ йæ ахуыргæнинæгтимæ. Алкæцыйы дæр дзы æвæрд ис сæ уды хъарм æмæ уарзондзинад. Цымыдисаг равдысты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Бæрæгбоны уæлдæф банкъарынæн æппæтæй хуыздæр – Ног азы хъуыдыимæ баст алыхуызон хи конд хæдзар аивгæнæн дзауматæ.  Куклатæ æмæ заз бæласы ирд хъазæнтæ аразынц æрмдæснытæ. Равдыст «Зымæгон аргъæуттæ» хорз фадат у æрмæст курдиатджын адæмы куыстытæ фенынæн нæ, фæлæ сæ куыд сфæлдисынц, уымæ бакæсынæн дæр. Адæмæн сарæзтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Равдыстой сын, хуымæтæг æрмæгæй кукла куыд рауайы, уый.  Телтæ, фольга æмæ лыстæг къæцæлтæ – йæ бындур. Хъæддыхгонд та цæуы гæххæттытæ, æлыг æмæ æндадзæн æрмæгæй.

Дзиуаты Земфирæйы сфæлдыстад у тынг зæрдæмæдзæугæ. Æрмдæсны сарæзта алыхуызон фæлгонцтæ. Алкæцыдæр сæ у курдиатджын сылгоймаджы лыстæг куыст æмæ уды хъарм æвдисæг.  Адæм уый уайтагъд банкъарынц æмæ сын скæнынц стыр аргъ.

Дзиуаты Земфирæйы скъолайы хъомылгæнинæгтæ  æхсызгонæй ахуыр кæнынц дæсныйады сусæгдзинæдтыл. Земфирæ сын байгом кодта фæндаг сфæлдыстады дунемæ.

Равдыст «Зымæгон аргъæуттæ» фыццаг аз нæ банкъарын кодта адæмæн сфæлдыстады тых. Йæ саразджытæ дарддæр дæр фæнд кæнынц аивадуарзджытæн æхсызгондзинад хæссын. Ног аз ахæм сфæлдыстадæй фидауы. Уымæ гæсгæ равдыстæн кæддæриддæр уыдзæн аргъгæнджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania