11 января 2025, 19:21
Профессионалон æхсæнады размæ рахастой Уæрæсейы ахуырады райрæзты проект 2040-æм азмæ
Цæгат Ирыстоны сарæзтой 14 къорды, алкæцыйы дæр ис фæйнæ 12 адæймаджы
Профессионалон æхсæнады размæ рахастой Уæрæсейы ахуырады райрæзты проект 2040-æм азмæ. Мадзал ацыд Дзæуыджыхъæуы 44-æм скъолайы. Уыцы ахсджиаг документы нысан у хæстæгдæр азтæн райрæзты фæндаг сбæрæг кæнын. Уæрæсейы хицауады, президенты администрацийы æмæ Уæрæсейы наукæты академийы 1-æм мартъимæ хъæуы бацæттæ кæнын стратегийы проект. Уыцы куысты архайынц нæ бæстæйы алы регионтæ. Цæгат Ирыстоны сарæзтой 14 къорды, алкæцыйы дæр ис фæйнæ 12 адæймаджы. Уыдон сты студенттæ, ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ æмæ афтæ дарддæр.Ахуырады министр Алыбекты Эллæ ацы мадзал рахуыдта историон цау, уымæн æмæ ахæм стратеги саразын фæстаг хатт фæлвæрдтой 1986-æм азы.
темæмæ гæсгæ




