Кинолентæйы сæйраг æмæ иунæг хъайтар у профессионалон æмæ фæлтæрдджын цуанон
Цæгат Ирыстоны кинематографы академийы командæ ист фæци киноныв «Охотник». Кинолентæйы сæйраг æмæ иунæг хъайтар у профессионалон æмæ фæлтæрдджын цуанон. Фæлæ æнцонтæй ахызти рагон æгъдæутты æмæ традициты сæрты. Æнцонæй фехсы хъæддаг сырдты. Уыимæ хойраджы тыххæй нæ, фæлæ йæхи удæнцойдзинады тыххæй. Æвæстиатæй ныхкъуырд райста æрдзон тыхæй. Киноныв истой Дыгуры æмæ Алагиры кæмтты рæсугъддæр бынæтты. Авторты хъуыдымæ гæсгæ, аивадон кино дзурæг у традицион национ цуан кæныны æууæлтыл. Иу хатт ма се ппæты зæрдыл лæууын кæны, цæрын кæй хъæуы, алфамбылай æрдзыл аудгæйæ. Æрмæст афтæмæй адæймаг уыдзæн амондджын æмæ сыгъдæзæрдæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ кинолентæ арæзт цæуы культурон хъæппæристы Президентон фонды гранты фæрæзтæй. Премьерæ нысан кæнынц ацы аз июны равдисын.




