филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:44 суббота, 31 января 2026
18 января 2025, 10:27
Армукъа «Мозаикæ»-йы архайджытæн кадджын уавæры радтой арфæйы фыстæджытæ, туризмы рæзты активонæй кæй архайынц, уый тыххæй

Армукъайы архайынц 60 мастеры онг

Адæмон æрмдæсныйады хуызты армукъа «Мозаикæ»-йы архайджытæн кадджын уавæры радтой арфæйы фыстæджытæ, туризмы рæзты активонæй кæй архайынц, æмæ йæм стыр æвæрæн кæй хæссынц, уый тыххæй. Армукъайы архайынц 60 мастеры онг. Туристон-информацион центры статистикæмæ гæсгæ, æппæтæй активондæртыл нымад æрцыдысты Козаты Фатимæ, Бедойты Нино æмæ Анастасия Стукалова. Арфæйы фыстæджытæ сын радта туризмы рæзты Фонды директор Гæбæраты Алыксандр. Куыд загъта, афтæмæй ахсджиаг у традицион æрмдæсныйады хуызтæ бахъахъхъæнын, æмæ сæ дарддæры рæзтыл кусын. Уымæй дарддæр æрмдæсныты архайдæн ис стыр ахадындзинад. Сæ архайды фæрцы туристтæн фадат ис Ирыстоны цымыдисаг культурæимæ зонгæ кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania