30 августа 2025, 09:54
Уæлæмхасæн ахуырадыл æрныхас кодтой Дзæуджыхъæуы
Мадзал арæзт æрцыд, æрвылазон Августы конференцийы программæ æххæст кæнгæйæ
Уæлæмхасæн ахуырадыл æрныхас кодтой Дзæуджыхъæуы. Мадзал арæзт æрцыд, æрвылазон Августы конференцийы программæ æххæст кæнгæйæ. Фембæлд баиу кодта республикæйы скъолаты директорты уынаффæгæнджыты æмæ уæлæмхасæн ахуырады Центрты разамонджыты. Докладтæ скодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ, æхсæнадон æмæ фæсивæдон организациты сæрдартæ, стæй ахуыргæнæндæтты сæргълæуджытæ. Ныхас кодтой рæзгæ фæлтæры хъомылады нырыккон методикæтыл. Бæлвырддæр та – нейрохызтæй архайын. Стыр æргом аздæхтой, æнахъом сывæллæтты хсæн фыдракæндты нымæц къаддæр кæныныл.




