Мастерæн бантыст 200 ролæй фылдæр ахъазын
Йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы адæмон артист, Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист, Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат Вячеслав Вершинин. Мастерæн бантыст 200 ролæй фылдæр ахъазын. Уымæй дарддæр у 35 режиссерон постановкæйы автор. Се хсæн, ахæм спектакльтæ, куыд «Халам-бунду», «Одноклассница», «Безобразная Эльза», æмæ афтæ дарддæр. Вячеслав Вершинины хæстæджытæн æмæ хиуæттæн тæфæрфæс ракодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Йæ телеграм-каналы куыд ныффыста, афтæмæй Вячеслав уыд хорз æмбал, разамонæг, хæларзæрдæ адæймаг. Уæдæ куыд артист, афтæ та йын æнтыст аивауарзджыты зæрдæтæм фæндаг ссарын, æмæ сын ирд æнкъарæнтæ лæвар кæнын. Уæрæсейы адæмон артист, актер æмæ режиссер Вячеслав Вершинæн фæстаг кадгæнæн мадзæлттæ ацæудзысты абон Евгений Вахтанговы номыл Академион уырыссаг театры.




