филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:48 суббота, 31 января 2026
18 сентября 2025, 10:33
Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды минæвæртты депутаттæ сбæрæг кодтой сывæллæтты рæвдауæндæтты уавæр

Цы федтой, уымæй разыйæ нæ баззадысты

Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды минæвæртты депутаттæ сбæрæг кодтой сывæллæтты рæвдауæндæтты уавæр. Цы федтой, уымæй разыйæ нæ баззадысты. Бæстыхæйттæн сæ фылдæр арæзт æрцыдысты ивгъуыд æнусы 60-æм азтæ. Уæдæй нырмæ иу хатт дæр бындурон цалцæггонд нæма æрцыдысты. Зæронд коммуникацитæ, базилинаг хъармгæнæн æмæ канализацион системæтæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Хъармгæнæн системæ, электрон тыхы æмæ инженерон хызтæ – Дзæуджыхъæуы 63-æм рæвдауæндоны лыггæнинаг фарстатæ бирæ. Уыдонæй иу сси æнæнхъæлæджы цауы аххосаг. Къæридоры электрон тыхы хæтæлтæ кæм баиу вæййынц, уыцы бынатæй фæздæг цæуын райдыдта.  Кусджыты цырддзинады руаджы фыдбылыз не *рцыд, фæлæ аххосаг нæ аиуварс кодтой. Рæвдауæндоны сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, фæззыгон-зымæгон рæстæг тыхсын кæны уымæлад, агъуыстытæ æмбæлгæ уагыл хъармæй æххæст нæ вæййынц. Бæстыхай 1969-æм азæй нырмæ у базилинаг. Бындурон цалцæджы бæсты – хи къухтæй конд уæлæнгай куыстытæ.

Кусæг къорд арæзт æрцыд депутаттæй æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы ахуырады, стæй арæзтады управлениты минæвæрттæй. Рæвдауæндæттæ-иу раздæр дæр бабæрæг кодтой. Ныр уыдысты уыдонæй авды. Нысан кодтой 59-æм рæвдауæны уавæртæ дæр сбæрæг кæнын. Хайгай йæ сцалцæг кодтой, фæлæ санитарон агъуыстытæм нæ базылдысты.

68-æмы лыггæнинаг фарстатæ бирæ. Вентиляцийы, канализацийы, хъармдæттæг æмæ электрон тыхы системæтæ… Бæстыхай лæггад кæны æнусы *рдæг, домы бындурон цалцæг. Уый сбæлвырд кодта кусæг къорд. 106 милуан сомы дихгонд æрцыд горæты бюджетæй. Уыцы фæрæзтæй 2 азмæ хъуамæ сцалцæг кæной 27 рæвдауæндоны. Куыстытæ цæудзысты 3 фæлтæрæй. Фыццаджыдæр райдайдзысты, цалцæг дарддæр аргъæвæн цы рæвдауæндæтты нал ис, уым. Ахæмтæ сты 7.

Кусæг къорд арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды минæвæртты æмбырды сæрдар Таболты Сергейы хъæппæрисæй. Йæ сæйраг хæс у цалцæггæнæн куыстыты хæрзхъæддзинадмæ цæстдарын. Рæвдауæндæтты уавæртæм æркаст цæудзæн дарддæр дæр, зæгъынц депутаттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania