Октябры сбæрæг кæндзæн йæ равзæрды 145 азы. Ахуырдзаутæ ерыс кæнынц фылдæр фондзтæ райсыныл, педагогтæ æмæ рауагъдонтæ ахадгæйæ æмбырд кæнынц ахуыргæнæндоны историйы тыххæй æрмæджытæ
Дзæуджыхъæуы 5-æм гимназ цæттæ кæны стыр юбилеймæ. Октябры сбæрæг кæндзæн йæ равзæрды 145 азы. Ахуырдзаутæ ерыс кæнынц фылдæр фондзтæ райсыныл, педагогтæ æмæ рауагъдонтæ ахадгæйæ æмбырд кæнынц ахуыргæнæндоны историйы тыххæй æрмæджытæ. Бæрæгбоны æхгæд æрцæудзæн рæстæджы капсулæ. Байгом æй кæндзысты 2030-æм азы. Уый нысан кæны фæлтæрты бастдзинад. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
145 иттæг хорз бæрæггæнæны уарзон гимназы 145 азмæ. Уый у алы къласы æрвылкъуырион пълан. Иумæйаг хыгъдмæ æвæрæн бахæссыныл алчидæр архайы. Хæрзиуæгæн райсынц юбилейон торт. Акци æххæстгонд цæудзæн бæрæгбоны кадджын мадзалы онг. Алкæмæндæр йæ бон у йæхи æнтыстдзинæдтæ дæр равдисын. Иу акцийы нысан ма у – 5 къуыримæ 45 иттæг хорз бæрæггæнæны райсын.
5-æм гимназ у кады, сæрыстырдзинады, хъæрзхъæддзинады нысан. Æрвылаз сæдæгай ныййарджытæ фæтырнынц сæ сывæллæтты сæрмагондæй ацы ахуыргæнæндонмæ радтынмæ. Абон ам ахуыр кæны 2 мин ахуырдзауæй фылдæр. Гимназы æнтысдзинæдты хыгъд та æгæрон у. Фæстаг 3 азы райсы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы грант, Цæгат Кавказы та ис хуыздæр скъолаты хыгъды. Фæлæ сæйраг сæрыстырдзинад сты адæм, зæгъы директор Марина Кулишкина, – 5-æм гимназы кад чи фылдæр кæны, уыцы педагогтæ æмæ ахуырдзаутæ.
Бæрæгбонмæ ахадгæйæ цæттæ кæнынц афæдзы дæргъы. Ацы хъуыддагмæ се вæрæн хæссынц ныййарджытæ, педагогтæ, ахуырдзаутæ, алы азты рауагъдонтæ æмæ 5-æм гимназы бирæ хæлæрттæ. Лæмбынæг æмбырд кодтой бирæазон историйы сыфтæ. Бацæттæ кодтой 60 баннеры. Алкæцыйылдæр – бæлвырд азы рауагъд.
Бæрæгбоны кадджын мадзал уыдзæн 13 октябры Цæгат Ирыстоны академион театры. Ацы бон хуымæтæджы æвзæрст не рцыд.
Гимназы бацæттæ кодтой бирæ æхсызгон лæвæрттæ. Се ппæт нæма раргом кодтой. Фæлæ ныридæгæн зындгонд у, кадджын мадзалы кæй сæхгæндзысты рæстæджы капсулæ. Байгом æй кæндзысты 2030-æм азы. Абоны фæлтæры ахуырдзаутæ дзы ныууаддзысты сæ арфæтæ фидæны ахуырдзаутæн æмæ рауагъдонтæн.




