филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:20 суббота, 31 января 2026
17 октября 2025, 11:04
Ацы аз Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт æххæстгонд цæуы программæ «Земский работник культуры»

Æдæппæтæй проекты архайынмæ курдиæттæ балæвæрдтой 18 адæймаджы

Ацы аз Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт æххæстгонд цæуы программæ «Земский работник культуры». Æдæппæтæй проекты архайынмæ курдиæттæ балæвæрдтой 18 адæймаджы. Уыдонæй къамис равзæрста 7. Ныр архайынц республикæйы районты культурæйы куыстуæтты. Уавæртæ сты, иннæ ахæм программæты цавæртæ сты, ахæмтæ. Уæлахиздзаутæй иуы тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Режиссеры фæдзæхст æвзонг артисттæн. Уый сын æххуыс дæр у, æмæ хæслæвæрд дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй фæскулисæты мæт кæнын, сценæйы уæвынæй зындæр у. Бæцæзаты Индирæмæ ацы 2 хъуыддаджы дæр ис фæлтæрддзинад. 17 азы фæлæггад кодта ирон театрæн, 10 азы та æвæрдта спектакльтæ Ольгинскæйы адæмон театры. Æрæджы та сси культурæйы хъæуккаг кусæджы программæйы архайæг.  Ныр йе сфæлдыстадон арæхтдзинадæй пайда кæны районы культурæйы галуаны.

2 мæйы куыстмæ сценæйы арæзт æрцыд стыр мадзал. Ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы кадæн. Программæйы – зарджытæ, кæфтытæ, æмдзæвгæтæ, чысыл инсценировкæтæ – уыдоны Къоста Индирæйы цæстæнгасæй æвдыст цæуы йæ царды алы рæстæджыты. Йæ труппæйы ис куыд профессионалтæ, афтæ ацы хъуыддаг чи уарзы, уыдон дæр.

Бæцæзаты Индирæ цæры Дзæуджыхъæуы. Æрвылбон куыстмæ æрцæуы Беслæнмæ. Уый у программæ «Земский работник культуры»-йы домæнтæй иу – кæм цæрыс, уыцы бынаты кусын нæй. Рахизфарсы район Индирæ хуымæтæджы нæ равзæрста. Ам дæр ыл æхсызгонæй сæмбæлдысты. Муниципалон сконды культурæйы къабазы дæсны специалисттæ нæ фаг кæны.

Конкурс «Земский работник культуры» республикæйы фыццаг хатт арæзт æрцыд. Профилон министрады куыд загътой, афтæмæй уыд 18 курдиаты. Квалификацион æвзæрст ацыдысты цыппæрдæсæй. Уыдоны хсæн сбæрæг сты 7 уæлахиздзауы – 1-æм сентябрæй кусын райдыдтой. Программæйы домæнтæм гæсгæ, алы уæлахиздзау дæр райста 1 милуан сомы. Ног бынаты хъуамæ бакусой æппынкъаддæр 5 азы. Даддæр та сæхæдæг сбæрæг кæндзысты, баззайдзысты æви сæ куысты бынат баивдзысты, уый. Ацы фарстайæн Бæцæзаты Индирæмæ дзуапп нæма ис, хъæуы рæстæг. Ныр та уал разæй бирæ куыст ис. Фæнд кæны Ног азы аргъау рахæссын æвзонг аивадуарзджыты размæ, стæй цæттæ кæны хъæлдзæг концерт. Фидæны азмæ та йæ пълæнтты ис адæмон театралон фестиваль саразын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania