3 гом сты Дзæуджыхъæуы 11-æм, 26-æм, æмæ 42-æм скъолаты, иннæтæ та – районты скъолаты
Ноябры Цæгат Ирыстоны райдайдзысты кусын иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæм цæттæ кæныны 12 лæвар центры. 3 гом сты Дзæуджыхъæуы 11-æм, 26-æм, æмæ 42-æм скъолаты, иннæтæ та – районты скъолаты. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрад. Ахуыртæ райдайдзысты ацы аз ноябры æмæ фæуыдзысты 2026-æм азы майы. Алы скъоладзауæн дæр йæ бон уыдзæн лæвар бацæттæ кæнын фæлварæнтæм физикæйæ, информатикæйæ, уырыссаг æвзагæй, бындурон æмæ профилон математикæтæй, бæстæзонынадæй, историйæ, химийæ æмæ биологийæ. Центрты кусынц фыццаг æмæ бæрзонддæр категорийы ахуыргæнджытæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæм цæттæ кæныны лæвар центртæ байгом сты фарон Цæгат Ирыстоны алы районы дæр, республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хæслæвæрдмæ гæсгæ. Ахуыргæнæндæттæ æвзæрст æрцыдысты, цæмæй сæм дæрддзæф хъæутæй скъоладзаутæм сæ бон цæуын уа, уый хынцгæйæ.




