филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:45 вторник, 17 марта 2026
06 ноября 2025, 10:34
Сфæлдыфстадон лаборатори æрыгон курдиатджын композиторты æмæ хореографты фæхоны Хъæрæсе-Черкесимæ хæхты æмæ фæдзæхст бынæтты астæу ног уацмыстыл кусынмæ

Архайджыты разæнгард фæкæнынц Цæгат Кавказы цæрæг адæмты культурæ, *взæгтæ æмæ традицитæ

Сфæлдыфстадон лаборатори «Живая традиция» 3 азы æрыгон курдиатджын композиторты æмæ хореографты фæхоны Хъæрæсе-Черкесимæ хæхты æмæ фæдзæхст бынæтты астæу ног уацмыстыл кусынмæ. Архайджыты разæнгард фæкæнынц Цæгат Кавказы цæрæг адæмты культурæ, *взæгтæ æмæ традицитæ. Дзæуджыхъæуы хæххон паддзахадон аграрон университеты галуаны арæзт æрцыд Гала-концерт. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Цæгат Кавказы цæрæг адæмты *взæгтæ æмæ *гъдæуттæ баиу сты иу сценæйы. Æргъуыдыгонд цаутæ æмæ таурæгътæ сты музыкæйы æмæ национ кæфтыты бындур. Æхсызгон æнкъарæнтæ сæвзæрд, концертмæ чи *рбацыд, уыцы адæмы æмæ артистты зæрдæты.  Бэлæ Шакова  куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй цы уацмыстæ акодта концерты, уыдонæй алкæцыйæн дæр уыд сæрмагонд зæлынад.

Музыкалон уацмыстæ æмæ кæфтытæ сты æрыгон композитортæ æмæ хореоргафты куыст *вдисæнтæ. Проект «Живая традиция» Уæрæсейы алы регионтæй æрыгон курдиатджын адæмæн фадат дæтты ног уацмыстыл кусын Цæгат Кавказы хæхты *хсæн,  ам цæрæг адæмты культурон хæзнатимæ зонгæ кæнгæйæ. Национ хореографийы æмæ музыкæйы дæснытæ адæмæн равдыстой Нарты кадджыты дуне.

3 азы дæргъы аивады æрыгон архайджыты æрхонынц Хъæрæсе-Черкескмæ ног уацмыстыл кусынмæ. Уыцы рæстæгмæ проекты архайдтой 25 адæймаджы Мæскуыйæ æмæ Санкт-Петербургæй, Хъазанæй æмæ Улан-Удэйæ, стæй Хабаровскæй. Æххæстгонд цæуы культурон хъæппæристы фонды æххуысæй, æмæ фидæнмæ сбæрæг кæны бирæ нысантæ.

Ацы аз проекты руаджы адæм базонгæ сты  Цæгат Кавказы туарæгъты дунеимæ. Сфæлдыстадон къорд фидæнмæ нысан кæны аивад уарзджыты дисы *фтауын ног хъæппæристæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania