Адæмон фронты регионалон хайады æмæ «Навигаторы детства»-йы хъæппæрисæй Георгий аразы дæсныйадæвдисæг ахуыртæ скъоладзаутæн
Хæстон цауты ветеран, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Гобеты Георгий рæзгæ фæлтæры æмæ фæсивæды ахуыр кæны ног, ахсджиаг хъуыддагыл – FPV-дронтæ æмбырд кæныныл æмæ семæ архайыныл. Йæ хæдзары скодта райдзаст кълас ифтонггрæзтимæ. Адæмон фронты регионалон хайады æмæ «Навигаторы детства»-йы хъæппæрисæй Георгий аразы дæсныйадæвдисæг ахуыртæ скъоладзаутæн. Фæндты ис, ахæм мадзæлттæ традицион скæнын Дыгуры районы æппæт скъолаты. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Симуляторыл FPV-дронимæ куыд архайын хъæуы, уый Муриты Эланæйæн цымыдисаг у. Ахсджиаг информаци базоны, сæрмагонд æфсæддон операцийы ацы хъуыддагæй æнæхъæн афæдз профессионалон æгъдауæй чи архайдта, уымæй. Гобеты Георгийы дæсныйадæвдисæг ахуырмæ кадетон къласы ахуырдзау æрбацыд хуымæтæг цымыдисæй нæ. Фæнды йæ фидæны йæ цард æфсæддон службæимæ сбæттын.
Йæ хæдзары ахæм ахуыртæн кълас скæнын уыд Гобеты Георгийы бæллиц. Хæстон цауты ветеран, сæрмагонд операцийы зонæйы уыд афæдз æмæ рдæг. Уым сахуыр æнæпилотон тæхæн аппараттимæ архайын, æмæ йæм сæвзæрд, йæ зонындзинæдтæ фæсивæдæн дæттыны хъуыды.
Дигорайы 1-æм скъолайы кадетон къласы 12 лæппу æмæ чызджы систы фыццаг ахуырдзаутæ. Кæддæр Георгий йæхæдæг дæр каст фæцис ацы скъола. Дæсныйадæвдисæг ахуыры сæрмагонд æргом аздæхтой æрмæст дронимæ куыд архайын хъæуы, уымæ нæ, фæлæ ма цæмæй конд у, бастдзинад раст куыд æххæст кæнын хъæуы, уыдæттæм. Фæлæ Гобеты Георгийы хъуыдымæ гæсгæ, ахсджиагдæр у зонын, тæхæн аппарат куы асæтта, уæд æй бацалцæг кæнын. Ахæм фембæлдтытæ аразын у, Адæмон фронты регионалон хайады æмæ «Навигаторы детства»-йы хъæппæрис.
Ныртæккæ Гобеты Георгий сæхимæ ис æнæбары – дыккаг цæфы фæстæ. Уæдæ йæ бинонты хъуамæ тагъд фæзына ноггуырд, æмæ йæ фæнды ацы ахсджиаг рæстæг йæ хиуæтты фарсмæ уæвын. Георгий сси æнæпилотон тæхæн аппараттимæ архайыны курсы хъусæг. Конд æрцыдысты Адæмон фронты хъæппæрисæй. Проект æххæстгонд цæуы 20 пилотон регионы. Сæ хыгъды Цæгат Ирыстон дæр. Мæй æмæ рдæджы ахуыры фæстæ алчидæр райсдзæн æвдисæндар.
Гобеты Георгий у фæлтæрдджын хæстон. Дыууæ хатты уыд цæф, ис æм хæрзиуджытæ, фæлæ йæ сывæллæттимæ архайд цавæрфæнды ордентæй æмæ майдантæй тынгдæр разæнгард кæны. Рæзгæ фæлтæрæн цы зонындзинæдтæ дæтты, уыдон сын æнæмæнг æрхæсдзысты пайда.




