Йæ алы уацмысы дæр банкъарæн ис æгæрон уарзондзинад Райгуырæн зæхмæ
Фыссæг æмæ тæлмацгæнæг Гæлуаты Аким стыр æвæрæн бахаста ирон литературæйы хæзнадонмæ. Йæ алы уацмысы дæр банкъарæн ис æгæрон уарзондзинад Райгуырæн зæхмæ. Гæлуаты Аким уыд публицистикон æмæ литературон-критикон уацты, театралон рецензиты, уацауты, радзырдты, новеллæты æмæ поэмæты автор. Уыд цыргъзонд æмæ фыста юморимæ. Хицæн бынат ахсынц советон æмæ фæсарæйнаг классикты уацмысты тæлмацтæ. Йæ фæрцы иронау сдзырдтой Владимир Маяковский, Александр Пушкин, Валентин Катаев, Александр Твардовский, Назим Хикмет… Гæлуаты Аким йæ цардæй ахицæн 1995-æм азы. Фæлæ поэты уд æмæ хъуыдытæ дарддæр цæрынц йæ чингуыты. Фыссæджы сфæлдыстад æрымысыдысты Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы уæнгтæ. Æрæмбырд сты ирон литературæйы Музейы. Гæлуаты Акимы кадæн ацагътой национ композицитæ, стæй йын бакастысты йе мдзæвгæтæ. Мадзалы уазджытæ ма федтой авторы чингуыты æмæ хуызистыты равдыст «Непоколебимый».




