филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:39 суббота, 13 декабря 2025
11 декабря 2025, 11:11
Тугъанты Махарбеджы номыл музейы байгом Сабанты Хаджумары куыстыты равдыст

Схонæн æй ис ирон музыкалон фольклор хъахъхъæнæгæй. Хаджумар у зарæггæнæг, æрмдæсны æмæ нывгæнæг

Тугъанты Махарбеджы номыл музейы байгом Сабанты Хаджумары куыстыты равдыст. Схонæн æй ис ирон музыкалон фольклор хъахъхъæнæгæй. Хаджумар у зарæггæнæг, æрмдæсны æмæ нывгæнæг. Йæ куыстыты сæйраг тематикæ баст у хъæбатыртыл зарджытимæ æмæ нарты кадджытимæ. Цымыдисаг ма уый у, æмæ Хаджумар хæдахуыр æрмдæсны кæй у, уый. Экспозицийы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Сабанты Хаджумары куыстыты цард æвдыст у дидинæгкалгæ. Уый та уымæн æмæ нывгæнæг дунемæ каст, сывæллоны хуызæн, цымыдис цæстæнгасæй, дис кодта йæ алфамблай æрдзы рæсугъддзинадыл.

Сабанты Хаджумар райгуырд æмæ схъомыл Нары. Уымæ гæсгæ йын хæхтæ, хъæдтæ æмæ быдыртæ сты аивады хицæн хуыз. Уарзон республикæйы æрдзы хъæбысы уæвгæйæ йæ зæрдæйы гуырыдысты ног хъуыдытæ. Уыдоны бындурыл арæзт куыстытæ бацахстой æнæхъæн зал «О природе», зæгъгæ. Æдæппæтæй та сты æртæ. Иннæтæ фенгæйæ аивадуарзджытæ банкъарынц  адæмы хъуыдытæ æмæ миддуне. Кæд нывгæнæгмæ академион ахуырад нæ уыд, уæддæр Сæбанты Хаджумары сфæлдыстадæн аккаг аргъгонд æрцыд Уæрæсейы, стæй фæсарæнты.

Сабанты Хаджумар  у æрмдæсны дæр – архайы хъæдæрмæгимæ, фæлæ уый дæр йе сфæлдыстадон миддунейы хъæздыгдзинады кæрон нæу. Бирæ азты Хаджумар зарыд Мариинаг театры филиалы нæлгоймæгты национ зарæджы хоры.

Сабанты Хаджумары ном æрхъуыды кæнынæн æмæ йе сфæлдыстадæй зæрдæтæ барухс кæнынæн æрæмбырд сты культурæйы архайджытæ, Парламенты депутаттæ, республикæйы культурæйы министрады кусджытæ, аивадуарзджытæ. Се *ппæтæн дæр фадат уыд алы куыстыл дæр æрмæст цæст лæмбынæг ахæссын нæ, фæлæ ма сын сæ хæрздæф дæр банкъарын сæрмагонд парфюмы руаджы. Уыцы хъæппæрис сæххæст кæнын йæ авторты сразæнгард кодта нывгæнæджы сфæлдыстад. Ахæм ногдзинад дисы бафтыдта аивадуарзджыты.

Фæд ныууадзынæн ис иунæг хъомыс – нывтæ фыссын. Уыдоны руаджы Сабанты Хаджумар фæлтæртæн лæвар кæны йæ зæрдæйы рухс æнкъарæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania