филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:48 суббота, 31 января 2026
13 декабря 2025, 10:33
Дзæуджыхъæуы 18-æм скъолайы фæзынд Уырыссаг географион æхсæнады æрхъуыдыдзинæдты партæ

Номарæн стъол байгом кодтой зындгонд географ æмæ бæстæзонæг Николай Пржевальскийы кадæн

Дзæуджыхъæуы 18-æм скъолайы фæзынд Уырыссаг географион æхсæнады æрхъуыдыдзинæдты партæ. Номарæн стъол байгом кодтой зындгонд географ æмæ бæстæзонæг Николай Пржевальскийы кадæн. Ахуыргонд иртæста Астæуккаг Ази, йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыди 4 экспедицийы. Мадзалы архайджытæ систы географийы ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ, Уырыссаг географион æхсæнады бынæттон хайады активисттæ æмæ кадджын уазджытæ. Номарæн стъолы уæлхъус баддзысты хуыздæр ахуыргæнинæгтæ æмæ олимпиадæты уæлахиздзаутæ.  Тематикон къуырийы фæлгæты ацыд ахуырдзауты равдыст. Рæзгæ фæлтæр скодтой фæндагамонæг цырæгъты æмæ дынджызон науты макеттæ. Æппæтурæсеон рухстауæн проект бæстæйы цæуы 2023-æм азæй. Йæ нысан – хъуыстгонд геогргафты æмæ иртасджыты ном сæнусон кæнын. Стæй, рæзгæ фæлтæры ргом ацы хъуыддагмæ раздахын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania