филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:12 воскресенье, 01 февраля 2026
20 декабря 2025, 08:30
Мæздæджы районы культурæйы галуаны йæ юбилей сбæрæг кодта адæмон фольклорон хъазахъхъаг ансамбль «Терцы»

Арæзт æрцыд 35 азы размæ

Мæздæджы районы культурæйы галуаны йæ юбилей сбæрæг кодта адæмон фольклорон хъазахъхъаг ансамбль «Терцы». Арæзт æрцыд 35 азы размæ.  Станицæ Луковскæйы культурон царды ахсджиаг бынат ахсы. Чысыл видеоæрмæджы æвдыст æрцыдысты коллективы райрæзты сæйраг цаутæ, æрымысыдысты ансамблы бындурæвæрджыты, ветеранты-артистты. Сæ сценикон архайды географи уæрæх у. Сæ курдиат æнтыстджынæй æвдыстой бæстæйы алы горæтты. «Терцы» у бирæ конкурсты лауреат æмæ дипломант. Юбилейон концерты программæйы зæлыдысты Уæрæсейы, Фыдыбæстæмæ уарзондзинады, хъазахъхъаг традициты тыххæй зарджытæ. Коллективæн раарфæ кодтой рацоны æмæ станицæйы разамынды, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, хъазахъхъæгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania