филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:27 вторник, 17 марта 2026
06 февраля 2026, 10:35
Цæгат Ирыстоны царды уадзын райдыдтой проект  «Разамынддæттæг командæты скъола»

Сæрмагонд ахуырты педагогтæ канд сæ фæлтæрддзинадыл не фтауынц, фæлæ ма архайынц сæ ахуыргæнæндæтты фидæныл кусын дæр

Скъола – канд уроктæ æмæ чингуытæ не сты, фæлæ ма разамынд дæттын кæмæн хъæуы, ахæм вазыгджын системæ. Цæгат Ирыстоны царды уадзын райдыдтой проект  «Разамынддæттæг командæты скъола». Бакуыста йыл Уæрæсейаг æхсæнад «Знание».  Сæрмагонд ахуырты педагогтæ канд сæ фæлтæрддзинадыл не фтауынц, фæлæ ма архайынц сæ ахуыргæнæндæтты фидæныл кусын дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй директоры хæдивæджы онг. Ахæм фæндаг 10 азмæ ацыд Анастасия Тимофеева. Фæлæ йын карьерон рæзт æнгом баст у профессионалонимæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ куысты сæйрагдæр у иу ран ма лæууын. Ногдзинæдтæм тырнындзинад у йæ сæйраг фæрæз куыд хъомылгæнæн куысты, афтæ царды дæр.

Сæ зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæныныл архайынц иннæ педагогтæ дæр. Фæлæ кæд раздæр ахуыргæнджыты сæ квалификаци бæрзонддæр кæныны фæзтæм цæуын хъуыд районæй дарддæр, уæд ныр ахæм гæнæн ис бынаты. «Разамынддæттæг командæты скъола» у профессионалон рæзты ног проект. Йæ хицæндзинад та баст у инновацион программæимæ.

Проект ма арæзт у кадртæ цæттæ кæныны æмæ райрæзты институты æххуысæй. Фыццаг мадзал сæмбырд кодта Æрыдоны районы æппæт скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты коллективтæ. Фембæлды раныхас кодтой райрæзты институты ректор Гæджиты Аланæ æмæ политикон наукæты кандидат Сæлбиты Людмилæ. Лектортæ радзырдтой ахуырадон организацийы командæйæн æнтыстджын разамынд дæттыны, стæй Уæрæсейы фидæны тыххæй дзыллон зондахасты.

Æрвылкъуырион ахуырты фæз сси Æрыдоны 4-æм лицей «Зонады академи».

«Разамынддæттæг командæты скъола» цæттæ у, йæ профессионалон зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнын кæй фæнды, сæдæгай ахæм ахуыргæнджыты. Проект тагъд фæпарахатдæр уыдзæн, йæ дуæрттæ байгом кæндзæн республикæйы иннæ районтæй педагогтæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania