28 февраля 2026, 09:48
Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы кадджын уавæры хорзæхгонд æрцыдысты Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусджытæ
Музыкалон, хореографион æмæ театралон аивадмæ стыр æвæрæн бахæссыны, стæй, бирæ азты æнæзæрдæхудт куысты тыххæй хорзæхгонд æрцыдысты 52 адæймаджы
Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы кадджын уавæры хорзæхгонд æрцыдысты Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусджытæ. Музыкалон, хореографион æмæ театралон аивадмæ стыр æвæрæн бахæссыны, стæй, бирæ азты æнæзæрдæхудт куысты тыххæй хорзæхгонд æрцыдысты 52 адæймаджы. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ, «Ирыстоны сæраппонд»-ы майданты аккаг систы 4 театралон архайæджы. «Цæгат Ирыстоны адæмон артист»-ы ном радтой 7 адæймагæн. Кадджын мадзалы фæлгæты бирæтæ райстой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æмæ профилон министры арфæйы фыстæджытæ.




