Дзæуджыхъæуы сывæллæтты театр «Саби»-йы хуссарирыстойнаг артисттæ равдыстой спектакль «Морозко»
Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр гастрольтимæ уыд Цæгат Ирыстоны. Дзæуджыхъæуы сывæллæтты театр «Саби»-йы хуссарирыстойнаг артисттæ равдыстой спектакль «Морозко». Сæвæрдта йæ «Саби»-йы режиссер Багъраты Иринæ. Ацы спектакль у сæ дыккаг иумæйаг куыст. Дзуапдæттæг гастрольтæ уыдзысты уалдзæджы. Хъайтмазты Дзерассæйæн ныхасы бар.
Ацы ныхæстæ нырма советон заманæй зонгæ сты се *ппæтæн дæр. Ныр зæлынц ног фæлтæры аивадуарзджытæн. Аргъау «Морозко» Цæгат Ирыстоны æвзонг театрдзаутæн сценæмæ рахастой Хуссар Ирыстоны драмон театры актертæ. Уый у ног фæлтæрддзинад артисттæн дæр, æмæ рæзгæ фæлтæрæн дæр.
Царди-уыди хорз чызг Настенька… Афтæ цыма райдайы, зæрдæхæлардзинад æмæ фыдбылыз кæм тох кæнынц, алы ахæм аргъау дæр. Уæвгæ, ацы спектаклы хатгай æппæрццæг хъайтартæн дæр фæтæригъæд кæнынц. Натия Чохелийы хъайтар се ппæтæн у Настенькæйы тызмæг фыдыус, актрисæйæн йæхицæн та – Марфушæйы мад. Ауды йæ чызджы амондыл.
Ацы спектакль хуссарирыстойнаг æмкусджытæн сæвæрдта сывæллæтты театры режиссер Багъраты Иринæ. У сæ дыккаг иумæйаг куыст. Иринæйæн «Морозко» у йæ сабибонтæй аргъау. Рагæй йæ фæндыд ацы уацмысыл бакусын.
«Саби»-йы сценæйы Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппæ фыццаг хатт ис. Уæвгæ, та бынæттон аивадуарзджытæн коллектив зонгæ у. Гастрольтимæ республикæйы вæййынц, фæлæ ирон театры. æмæ мæнæ ныр ног сценæ.
Цхинвалы сывæллæтты театр «Саби»-йы артисттæм дзуапдæттæг гастрольтимæ æнхъæлмæ кæсынц уалдзæджы. Труппæ фæнд кæны Хуссар Ирыстоны 2 спектаклы равдисын: Гоголы «Шинель» æмæ индиаг аргъау «Сыгъзæрин антилопæ». Ахæм æмгуыстад гæнæн ис, æмæ 2 театрæн суыдзæн ног традици.




