филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
04 марта 2026, 10:34
Хæххон паддзахадон аграрон университеты оранжерейы дидинæг калынц лимонтæ, мандаринтæ, рæгъæд кæны хурма

Тропикон зайæгойтæм зилынц студенттæ

Хæххон паддзахадон аграрон университеты оранжерейы дидинæг калынц лимонтæ, мандаринтæ, рæгъæд кæны хурма. Тропикон зайæгойтæм зилынц студенттæ. Фидæны агрономтæн оранжерейæ у æцæг ахуырадон аудитори. У сын практикæ дæр, стæй зонадон иртæстытæ кæныны фадат дæр. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Кæд Дзæуджыхъæуы уынгты мит нырма мит фенæн ис, уæд Хæххон паддзахадон аграрон университеты оранжерейы та сты æцæг субтропиктæ. Ардæм бацæугæйæ, цитрусты хæрздæф æнæ банкъаргæ нæй – дидинæг калынц лимонтæ, мандаринтæ æмæ апельсинтæ. Ныртæккæ у ахсджиаг рæстæг зайæгойтæм базилынæн. Тыллæг æмбырд кæныны афон бæлæстæ фæхъæуы бацæтттæ кæнын, сæ уæлдай къалиутæ сын алыг кæнын. Уыцы куыстытæм хорз арæхсынц профилон факультетты студенттæ. Се *хсæн – 2-æм курсы студент Доййаты æхсарбег. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бирæ ногдзинæдтæ базыдта ам.

Оранжерейæ афæдзы дæргъы домы æрвылбоны куыст. Зайæгойтæй иутæ дидинæг калынц, иннæтыл та тагъд рæстæг фæзындзæн дыргътæ, се *хсæн хурма, королек, япойнаг мушмула. Специалисттæ æдзух сæ цæст дарынц уæлдæфы температурæмæ, уымæлдзинадмæ, зæххы уавæрмæ. Уыцы бæрæггæнæнтæй аразгæ у фидæны тыллæджы бæркад. Оранжерея у, алы зайæгой дæр хицæн зылд кæм домы, ахæм удæгас лаборатори.

Ам цы тыллæг сæмбырд кæнынц, уый егъау нæу, фæлæ йын ис стыр аргъ. Сæ куысты хатдзæгтæй барухс кæнынц университеты студентты æмæ ахуыргæнджыты зæрдæтæ. Оранжерейы ног зайæгойты нымæц кæны фылдæр. Тагъд рæстæг дзы фæзындысты лаймы бæлас, гранат æмæ лимоны ног хуызтæ. Фæнд кæнынц оранжерея фæхъæздыгдæр кæнын алыхуызон дыргъ бæлæстæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania