филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
12 марта 2026, 13:13
Дзæуджыхъæуы 106-æм рæвдауæндоны цæуынц бындурон цалцæггæнæн куыстытæ

Йæ хъомылгæнинæгты нымæц у 100 фылдæр

Дзæуджыхъæуы 106-æм рæвдауæндоны цæуынц бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Йæ хъомылгæнинæгты нымæц у 100 фылдæр. Рацарæзты рæстæгмæ цæуынц горæты иннæ рæвдауæндæттæм. Аразджытæ æппæт куыстытæ фæуынвæнд кæнынц афæдзы кæронмæ. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

106-æм рæвдауæндоны бындурон цалцæг райдыдта æрæджы. Цыбыр рæстæгмæ специалисттæн бантыст бирæ куыстытæ сæххæст кæнын. Зæронд мидæггаг конструкцитæ  æмæ пъолтæ райхæлдтой. Бауагътой электрон тыхы ног телтæ. Ныртæккæ фидар кæнынц, бирæ азты дæргъы базилинаг чи уыд, уыцы дыккаг æмæ æртыккаг уæладзгуыты *хсæн астæу.

Объекты æрвылбон фæллой кæнынц 20 адæймагæй фылдæр, стæй сæрмагонд техникæйы цалдæр иуæджы. Аразджытæ хъуамæ сног кæной рæвдауæндоны инфраструктурæ. Баивдзысты хъармгæнæн системæ, бæстыхайы сæр, базилдзысты йын йе *ддаг къулмæ. Рæвдауæндон арзæт æрцыд 1939-æм азы. Уæдæй нырмæ дзы бындурон цалцæг иу хатт дæр конд нæ уыд. Инженерон коммуникацитæ рагæй домдтой зылд.

Ныртæккæ скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндоны хъомылгæнинæгты нымæц у 100-йæ фылдæр. Бындурон цалцæджы рæстæг цæуынц æндæр рæвдауæндæттæм. Афтæмæй сывæллæттæн сарæзтой æнцонвадат уавæртæ бæстыхайы рацарæзты рæстæгмæ. Куыстытæ  цæуынц национ проект «Бинонтæ»  æххæстгæнгæйæ. Афæдзы кæронмæ хъуамæ фæуой, æмæ уæд сывæллæтты хъомылад райдайдзæн ноггонд бæстыхайы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania