филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:15 воскресенье, 15 марта 2026
14 марта 2026, 10:30
15 азы æххæст кæны Баллаты Владимиры райгуырдыл

Советон Цæдисы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны адæмон артист, се ппæттæн уарзон зарæггæнæг æмæ актер

Абон 115 азы æххæст кæны Баллаты Владимиры райгуырдыл. Советон Цæдисы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны адæмон артист, се ппæттæн уарзон зарæггæнæг æмæ актер. Ирон аивады историйы ныууагъта ирд фæд. Сценæйы æмæ кинойы цы сурæттæ сарæзта, уыдон абоны фæлтæры артисттæн сты дæнцæг. 30 азы не *хсæн нал ис, фæлæ йæ фæлмæн лирикон хъæлæсæй ныр дæр гом кæны фæндаг аивадуарзджыты зæрдæтæм. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Йæ фæлмæн хъæлæс ын схæццæ кæнын никæимæ уыдис. Баллаты Владимир уыд се ппæтæн уарзон лирикон тенор. Сценæмæ-иу куы рацыд, уæд-иу зал ныссабыр, йæ зарæджы зæлдæй-иу алкæй зæрдæмæ дæр ссардта фæндаг, уымæн æмæ йæхæдæг дæр зæрдæйæ зарыдис. Æмæ ахæм уыд алы хъуыддаджы дæр.  Ууыл ахуыр кодта кæстæр фæлтæры дæр.

Советон Цæдисы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны адæмон артист. Баллаты Владимир лæууыд ирон театры бындуры. Сценæйæн фæлæггад кодта 60 азы бæрц. Спектакль «Отелло»-йы Кассио, «Король Лир»-ы герцог Альбанский, «Ревизор»-ы Лука Лукич, «Чермен»-ы Садул… Æмæ ма бирæ æндæр ирд сурæттæ. Иухуызон ын æнтыстысты куыд дунеон классикæйы, афтæ национ драматургийы хъайтарты фæлгонцтæ дæр.

Фæлæ йын уæддæр адæмон уарзондзинад æрхаста зарæг. Хуыдтой йæ «ирон Марк Бернес». Владимиры фырты чызг Баллаты Наталья сæрыстыр у ахæм хистæр сын кæй уыд, уымæй. Йе сфæлдыстадыл хъомыл кæнынц бинонты кæстæр фæлтæры.

Сценæ дих кодта йæ бинойнаг Икъаты Бертæимæ. Бирæ азты иумæ хъазыдысты ирон театры спектакльты, арæзтой ирд сценикон дуэттæ. Аивадуарзджытæ хорз хъуыды кæнынц Баллаты Владимир кинойы цы сурæттæ сарæзта, уыдон дæр.

Баллаты Владимир уыд ирд хъысмæты адæймаг. Архайдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, хорзæхджынгонд уыд Сырх Тырысайы орденæй, «Кавказ хъахъхъæныны» æмæ «Германийыл Уæлахизы» тыххæй майдантæй. Йæ цардæй ахицæн 30 азы размæ, фæлæ адæмы зæрдæты цæры йæ зарджыты, спектакльты æмæ аивадуарзджыты мысинæгты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania