филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:25 четверг, 19 марта 2026
18 марта 2026, 10:36
Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы ног культурон центры равæрдтой скульптор Цæрикъаты Билары æмæ нывгæнæг-график Санаты Ибрагимы куыстытæ

Афтæмæй йæ куыст райдыдта музейы филиал

«Æрхъуыдыгонд фæндаг». Ахæм сæргондимæ равдыст байгом Дзæуджыхъæуы. Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы ног культурон центры равæрдтой скульптор Цæрикъаты Билары æмæ нывгæнæг-график Санаты Ибрагимы куыстытæ. Афтæмæй йæ куыст райдыдта музейы филиал. Экспозицийы баиу сты дыууæ аивадон дунейы. Фенæн дзы ис 16 скульптурæйы æмæ 30 нывы. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Бæрæг чи дары, ахæм хи æрмдзæф æнæсым æмæ æнæаипп аивады дунейы иу кæны скульптор Цæрикъаты Билары æмæ нывгæнæг Санаты Ибрагимы. Сæ иумæйаг равдысты ном дæр уымæн схуыдтой «æрхъуыдыгонд фæндаг». Санаты Ибрагим куыд фæбæлвырд кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны йе сфæлдыстад фыццаг хатт рахаста аивадуарзджыты размæ. Нывгæнæджы куыстытæ зындгонд сты æрмæст бæстæйы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр. Цæры æмæ кусы Мæскуыйы, фæлæ йæ зæрдæ йæ райгуырæн зæххмæ рагæй хуыдта. Санаты Ибрагим Дзæуджыхъæуы йæ фыццаг равдыст абарста, «Адæймаг йæ хæдзары размæ», зæгъгæ цы ныв сарæзта, уыимæ.

Нывгæнæджы хъуыдыкæнынад *вдисæг абстракцион цаутæ æмæ æнкъарæнтæй æххæст куыстытæ. Автор спайда кодта хъæрмхуыз ахорæнтæй. Уыдоны руаджы равдыста æнкъарæнты арф хъуыды, уыдон бæттынц нывгæнджы аивадуарзджытимæ. Экспозицийы бæрæг дары Цæрикъаты Билары бирæвæрсыг сфæлдыстад. Нæ тырны йæ скульптурæты æмхуызондзинадмæ. Саразы сюрреалистон куыстытæ. Экспозицийы фенæн ис Нарты кадджыты хъайтарты сурæттæ. Цæрикъаты Биларæн цымыдисаг у ирон мифологийы темæ. Йæ куыстытæ баххæст кæны сæрмагонд миниуджытæй. Уымæй аивадуарзджытæн саразы хъуыдыты æмæ æмбарынады тыгъдад.

Экспозицийы равæрдтой 16 скульптурæйы, стæй нывкæнынады æмæ графикæйы конд 30 куысты. Цæрикъаты Билар æмæ Санаты Ибрагимы фарсмæ æрбалæууыдысты нывгæнджытæ, культурæйы кусджытæ, аивадуарзджытæ.
Равдыст бабæрæг кæнæн уыдзæн 20-æм майы онг. Чи йæ фена, уыдоны зæрдæты, æнæмæнг, ныууаддзæн ирд фæд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania