филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:55 пятница, 19 июня 2026
24 марта 2026, 10:36
Цæгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледжы кадджын уавæры райдыдта конкурс «Мастер года»-йы регионалон къæпхæн

Уый у æрвылазон ерыс æмæ иу кæны астæуккаг профессионалон ахуырады системæйы педагогты

Цæгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледжы кадджын уавæры райдыдта конкурс «Мастер года»-йы регионалон къæпхæн. Уый у æрвылазон ерыс æмæ иу кæны астæуккаг профессионалон ахуырады системæйы педагогты. Сæйраг нысан – æрмæст тыхджындæрты сбæрæг кæнын нæу, фæлæ дарддæры профессионалон рæзтæн фæндаг радтын. Экспертон къамисы хыгъдмæ хаст æрцыдысты ахуырад æмæ наукæйы министрады, стæй республикæйы раззагдæр ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ. Конкурс аразджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæ профессионалон гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæныны хъуыддаджы сты тынг ахъаз. Регионалон къæпхæны уæлахиздзаутæ Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты æппæтуæрæсеон финалы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania