филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:03 воскресенье, 05 апреля 2026
04 апреля 2026, 10:28
Нæ программæйы æрмæгæй нæ фæнды æрымысын фыссæг литературон аивадон журнал «Ирæф»-ы сæйраг редакторы хæдивæг Колыты Виталийы рухс ном

Виталийы ном æмæ хъысмæт баст уыд мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æмæ ын лæггад кæнынимæ.

Йæ цард, йæ хъысмæт баст уыдысты мадæлон æвзагимæ. Нæ программæйы æрмæгæй нæ фæнды æрымысын фыссæг, Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы уæнг, республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг, литературон аивадон журнал «Ирæф»-ы сæйраг редакторы хæдивæг Колыты Виталийы рухс ном. Ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.

Колыты Виталийы рухс ном æрвылбон дæр мысынц æмкусджытæ, мыхуыры хæдзары кусджытæ. Виталийы ном æмæ хъысмæт баст уыд мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æмæ ын лæггад кæнынимæ. Йе нусон дунейыл дæр сæмбæлд мадæлон æвзаджы бон.

Колыты Виталийы йæ цардæй ахицæн уыд арвнæрæгау. Йæ зæрдæйы рыстытæ æмæ хъуыдытæ цардмæ хаста йæ ныффыст æрмæджыты. Виталийы æмдзæвгæты арæх сæмбæлæн ис фыссынадмæ æмхиц кæй уыди, уый йын йæ царды бирæ хъуыддæгтæ саразыны бар кæй нæ радта, ахæм хъуыдытимæ. Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад ныхæстæй не вдыста, фæлæ сфæлдыстадæй. 36 азы размæ уыд литературон аивадон журнал «Ирæф»-ы бындурæвæрджыты хсæн. Журналы рацыдыл архайдта зæрдиагæй, фæндыди йæ кæсæгæн алы армæг дæр бауарзын кæнын.

Колыты Виталийы уæздандзинад æнæ бафиппайæн нæ уыд, иуварсæй бакæсгæйæ дæр. Йæ бæллиц стыр материалон хъуыддæгтæй фæхайджын нæ уыд, фæлæ йæ ныффыст æрмæджытæ кæсæг куы уаид.

Миндзайты Валентинæйы «Ирæф»-мæ æрбацыд баст уыд Колыты Виталиимæ. Абон дзы нæ уырны, Виталийы кусæнуатмæ бацæугæйæ, кæй нал фæхайджын уыдзæн йæ уарзон адæймаджы хъуыдытæй.

Колыты Витали кæд æхсæрысæры нæ райгуырд, уæддæр уый нымадта йæ райгуырæн хъæуыл. Афтæ иу дзырдта – дæ мад чи дæ схъомыл кодта, уый у, зæгъгæ. Йæ уыци цæстæнгас ын æмбæрстой Ахсарысæры разамынд, æмæ йын саккаг кодтой хъæуы кадджын Гражданины ном. Уæдæ йæ мад Анфисæмæ цæстæнгас та уыд дæнцæнæн æрхæссинаг. Снывонд ын кодта бирæ æмдзæвгæтæ.

Колыты Виталийы сисы бынæй рацыд фыстытæй арæзт æрцыд хицæн чингуытæ, ратæлмац кодта Пушкины, Есенины, Феты æмæ Солженицыны уацмыстæ.
Виталий йæ фæстæ ныууагъта фæрнджын бинонтæ, фæзминаг кæстæртæ.

Виталийы кæстæрты бæллиц уыд сæ кадджын хистæры йæ 70 азы юбилейы бабуц кæнын, йæ зæрдæ йын барухс кæнын æнæнхъæлæджы лæвæрттæй, фæлæ æгъæтыр низы уидæгтæ фæтыхджындæр сты бæллицтыл æмæ фæндтыл

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania