25 апреля 2026, 12:39
Санкт-Петербурджы байгом 10-æм юбилейон равдыст «Ирон палитрæ Невайы былгæрæттыл»
Ацы культурон проект сси ирон минæварады ахсджиаг хай
Санкт-Петербурджы байгом 10-æм юбилейон равдыст «Ирон палитрæ Невайы былгæрæттыл». Ацы культурон проект сси ирон минæварады ахсджиаг хай. Баиу кæны Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй рацæугæ курдиатджын нывгæнджыты – Петербурджы сфæлдыстадон уæлдæр ахуыргæнæндæтты рауагъдонты. Юбилейон равдыстмæ бацæттæ кодтой концертон программæ. Мадзалы дипломтæй схорзæхджын кодтой равдысты æвзонг архайджыты. 10 азмæ культурон проект локалон хъæппæрисæй сырæзт стыр æрвылазон цауы онг. Иу кæны нывгæнджыты, музыкантты, культурæйы архайджыты æмæ аивадуарзджыты. Равдыст бабæрæг кæнын уыдзæн 2-æм маймæ.
темæмæ гæсгæ




