филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:41 пятница, 19 июня 2026
16 мая 2026, 09:52
Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры схорзæхджын кодтой æрвылазон преми «Мæ уарзон Ирыстон»-ы лауреатты

Ацы аз къамис æркаст 29 куыстмæ 6 номинацимæ гæсгæ

Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры схорзæхджын кодтой æрвылазон преми «Мæ уарзон Ирыстон»-ы лауреатты. Ацы аз къамис æркаст 29 куыстмæ 6 номинацимæ гæсгæ. Уæлахиздзаутæн раарфæ кодта Хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Радта сын дипломтæ æмæ премитæ. Конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ, номинаци «Мыхуыры æрмæджыты» фæуæлахиз Будайты Милуся. «Телеуынынады æрмæджыты» – Хуыбылты Жаннæ, «Интернет рауагъдадты æрмæджытæй» хуыздæрыл банымадтой Хъоцты Альбинæйы куыст, номинаци «Афæдзы темæ»-йы та – Джусойты Нинæйы æрмæг. Лауреатты хсæн сты нæ телерадиокомпанийы кусджытæ дæр. Афтæ «Радиоæрмæджыты» номинацийы преми саккаг кодтой звукорежиссер Газайты Зойæйæн, номинаци «Хабæртты репортаж»-ы та уацхæссæг Хъайтмазты Дзерассæйæн. Ирон æвзаджы райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй хæссынц, уый тыххæй арфæйы гæххæт лæвæрд æрцыд Кировы районы газет «Размæ»-йæн. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ республикон преми «Мæ уарзон Ирыстон» нысангонд æрцыд 2019-æм азы. Ныридæгæн йæ лауреаттæ систы Цæгат Ирыстоны 40 журналисты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania