Дзуры сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй. Йæ режиссер у Луганскы цæрæг Алиса Курганская
Лæгдзинады, ныфсы æмæ хæстон æфсымæрады тыххæй радзырд. Дзæуджыхъæуы, йæ премьерæйы размæ, равдыстой аивадон киноныв «Свинцовые небеса». Дзуры сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй. Йæ режиссер у Луганскы цæрæг Алиса Курганская. Батальон «Алани»-йы командæгæнæджы роль та йæхиуыл сбарста Фидараты Сослан. Кинолентæ стыр æргом здахы нырыккон æхсæнады ахсджиаг фарстатæм. Равдысты размæ та уыд пресс-конференци. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
«Свинцовые небеса» у сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй киноныв. У лæгдзинады æмæ ныфсхастдзинады тыххæй истори.
Сюжетмæ гæсгæ украинаг националисттæ Донбассы цалдæр цæрæджы æмæ иу уæрæсейаджы сæхгæдтой чырыстон аргъуаны. Знаг фæнд кæны, сæ фæстæ бамбæхсын Украинæйы гæрзифтонг тыхты операцийы рæстæг Уæрæсейы æфсæддонты ныхмæ. Уацайрæгтæ сæ хъысмæтимæ разы не сты. Сæхи хъæбатырæй равдыстой, ирон батальон «Алани»-йы хæстонтæн æххуысгæнгæйæ.
Кинонывы режиссер Алиса Курганская куыд зæгъы, афтæмæй æрмæг фылдæр истой, раздæр кинематографисттæ кæм нæ уыдысты, ахæм бынæтты. Уый у Луганск, Попасная, Тошковка. «Свинцовые небеса» у Алиса Курганскайы фыццаг куыст хæсты темæйыл. Райгуырд æмæ схъомыл Луганскы. Уымæ гæсгæ ацы риссаг фарстаты тыххæй хорз зоны. Ног фæлтæрддзинад æм тыхджын æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта.
Сæйраг рольтæй иу – батальон «Алани»-йы командæгæнæджы сурæт сарæзта Фидараты Сослан. Сæрмагондæй уый бахаста Алисæйæн фæндон, кинонывы сюжет ирон дæлхайады бындурыл саразын. Хæсты тыххæй кинонывы актер фыццаг хатт нæ хъазы. Федор Бондарчукы «9 рота»-йы Пиночеты роль йæ карьерæйы ахсы ахсджиаг бынат æмæ та 21 азы фæстæ йæ уæлæ абарста хæстоны сурæт.
Режиссер куыд зæгъы, афтæмæй «Свинцовые небеса» у, дуне аирвæзын кæнын кæй бон у, ахæм æфсымæрады тыххæй киноныв. Премьерæйы агъоммæ равдыст уыд Дзæуджыхъæуы кинотеатртæй иуы. Арæзт æрцыд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы æххуысæй. Ацы изæр сси, ахсджиаг цау киноныв цалынмæ уæрæх аудитори фена, уый размæ. Кинотеатрты йæм бакæсын уыдзæн ацы аз, фæззæджы.




