филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:47 понедельник, 02 ноября 2026
07 июля 2026, 08:38
Йе 30 азы юбилей сбæрæг кодта Дзæуджыхъæуы разамынды институт

Кадджын мадзалмæ хуынд æрцыдысты хицауады уæнгтæ, республикæйы ахуырады æмæ зонады кусджытæ, институты ветерантæ

Йе 30 азы юбилей сбæрæг кодта Дзæуджыхъæуы разамынды институт. Кадджын мадзалмæ хуынд æрцыдысты хицауады уæнгтæ, республикæйы ахуырады æмæ зонады кусджытæ, институты ветерантæ. Ахуыргæнæндон гом æрцыд 1996-æм азы. Баиу кодта бæстæйы зонады хуыздæр традицитæ æмæ ахуырады нырыккон фæрæзтæ. 30 азмæ рауагъта 5 мины æмæ 5 сæдæ юристы, финанситы æмæ разамонæджы. Кадджын мадзалы регионы Сæргълæууæджы номæй ахуыргæнджытæн радтой Кады гæххæттытæ, цалдæр адæймаджы систы «Республикæйы ахуырады сгуыхт кусджытæ».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania