филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:53 вторник, 03 ноября 2026
24 июля 2026, 10:51
Сбæрæг сты Цæгат Ирыстоны преми «Афæдзы журналист»-ы фыццаг лауреатты нæмттæ

Национ наукон библиотекæйы арæзт æрцыд кадджын мадзал

Сбæрæг сты Цæгат Ирыстоны преми «Афæдзы журналист»-ы фыццаг лауреатты нæмттæ. Национ наукон библиотекæйы арæзт æрцыд кадджын мадзал. 8 номинацийы сбæрæг кодтой æртыгай лауреатты. Снысан сын кодтой фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг къæпхæны премитæ. Гран-при æмæ сæрмагонд ном «Афæдзы журналист»-ы аккаг сси сæрмагонд уацхæссæг Хъалæгаты Надеждæ. Кадджын хæрзиуæг ын радта сгуыхт журналист, Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг, æппæтуæрæсеон паддзахадон телерадиокомпанийы генералон директоры хæдивæг Рифат Сабитов. Уый уыд конкурсы жюрийы сæргъы. Лауреаттæн зæрдиаг арфæтæ ракодта парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз. Уымæй дарддæр республикæйы журналистты цæдис снысан кодта преми «Рухстауæг». Хорзæхджынгонд дзы æрцыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, агентад «Иринформ»-ы бындурæвæрæг Таболты Иринæ, сгуыхт ахуыргæнæг Биазырты Валентинæ стæй газет «Моздокский вестник»-ы редактор Сергей Телевной.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania