04 августа 2026, 11:02
Проект «Фермеры скъола»-йæн райдыдта йæ 5-æм сезон
Программæйы куысты мгъуыдмæ ахуырад ацыдысты 120 адæймаджы
Проект «Фермеры скъола»-йæн райдыдта йæ 5-æм сезон. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæг. Программæйы куысты мгъуыдмæ ахуырад ацыдысты 120 адæймаджы. Се хсæн сæрмагонд æфсæддон операцийы 30 архайæджы æмæ сæ бинонтæ. Ног сезоны куыст цæудзæн дыууæ хуызы: «Фермерон хæдзарад саразын» æмæ «Фермерон кæсагдарынад». Скъолайы архайджытæн кæсдзысты лекцитæ æмæ практикон ахуыртæ Хæххон паддзахадон аграрон университеты, эксперттимæ фембæлдтытæ æмæ ма базонгæ уыдзысты республикæйы агропромышленнон комплексы раззагдæр куыстуæттимæ.
темæмæ гæсгæ




