14 августа 2026, 10:45
Дзæуджыхъæуы микрорайон «Ног горæт»-ы аразынц ног скъола
Уыдзæн дзы 500 бынаты
Дзæуджыхъæуы микрорайон «Ног горæт»-ы аразынц ног скъола. Уыдзæн дзы 500 бынаты. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдары 1-аг хæдивæг Атарты Георгий. Уыдзæн æртæуæладзыгон бæстыхай, йæ иумæйаг фæзуат 9 мин квадратон метры, райдзаст, рухс æмæ нырыккон арæзтад. Ныридæгæн ын сæвæрдтой бындур. Скодтой гидроизоляци, цæмæй бетон уымæл æмæ донæй хъахъхъæд цæуа, уый тыххæй. Аразджытæ фыццаг уæладзыджы æвæрынц монолитон конструкцитæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ скъола арæзт цæуы, национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ» æххæст кæнгæйæ. Куыстытæ фæуын нысан кæнынц 2028-æм азы.
темæмæ гæсгæ




