Семинары архайджытæ æрдзырдтой ног методикæтыл
Скъолаты директорты уынаффæгæнджытæ хъомыладон куысты фæдыл архайдтой семинар-практикумы «Хъазт — куыд адæмыхæттыты хсæн æмархайды фæрæз». Мадзал арæзт æрцыд санаторий Тæмисчъы. Семинары архайджытæ æрдзырдтой ног методикæтыл. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
3 азы Самира Вартанян алы бон кусы, нæ фидæн кæмæй аразгæ у, уыдонимæ — æвзонг фæлтæримæ. У 4-æм гимназы хъомылады æмæ сывæллæтты æхсæнадон иугондтимæ куысты фæрстыты директоры уынаффæгæнæг. Ахуырады дунемæ уарзондзинад йæ зæрдæйы сæвзæрд йæ сабибонтæй фæстæмæ, йæ ныййарæгмæ гæсгæ -Самира Вартаняны мад ацы къабазы кусы 35 азы.
Цæмæй уый царды æххæстгонд æрцæуа, уый тыххæй Самирæ ахуыр кæны сывæллæтты *мбарын, æмæ семæ иу уылæныл уæвыныл. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдонæн зонындзинæдтæ раттын æмæ сын сæ миддуне раргом кæнынæн хорз фæрæз у хъазт. Уыцы хъуыдытæ йæ зæрдæйы ныффидар сты, Тæмисчъы цы семинар арæзт æрцыдис, уым. Архайдтой дзы республикæйы директорты 40 уынаффæгæнæджы. Хъазты технологитимæ базонгæ сты лекциты, стæй практикон ахуырты.
Æмæ афтæ 3 боны — нациты *хсæн æмархайды программæ «Время твоих традиций»-йы руаджы «Фыццæгты змæлд» æмæ республикæйы ахуырады æмæ зонады министрады æххуысæй. Спикертæ уыдысты «Рухстауынады паддзахадон университеты» кусджытæ.
Семинар арæзт æрцыд 3-аг аз. Цыдис 4 боны. Сбæлвырд кодта, хъазтмæ æмбæлгæ ахаст куы уа, уæд байгом кæны алы сывæллоны зæрдæ дæр.




