Ныртæккæ аразджытæ сног кодтой æппæт коммуникацитæ, æмæ кæнынц æддагон куыстытæ
Национ проект «Бинонтæ»-м гæсгæ Лескены бындуронæй цалцæг кæнынц сывæллæтты рæвдауæндон. Ныртæккæ аразджытæ сног кодтой æппæт коммуникацитæ, æмæ кæнынц æддагон куыстытæ. Объекты цæттæдзинады тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Лескены æнхъæлмæ кæсынц сывæллæтты рæвдауæндон байгом кæнынмæ – ам цалцæг дарддæр цæуы. Бæстыхайыл цæуы 50 азы бæрц æмæ дзы ныры онг бындурон цалцæг нæ уыд. Уымæ гæсгæ сæ уавæрты уыдысты хуыздæр хъуаг.
Цалцæгмæ бавнæлдтой февралы национ проект «Бинонтæ»-м гæсгæ. Специалисттæ баивтой рудзгуытæ, дуæрттæ æмæ бæстыхайы сæр, æххæстæй сног кодтой инженерон хызтæ.
Ныридæгæн сæвæрдтой плиткæ пъолтыл æмæ къултыл, ныр аразджытæ кæнынц мидаивгæнæн куыстытæ: æвæрынц ленолеум æмæ æххæст кæнынц ахорæн куыстытæ.
Лескены рæвдауæндоны ис 3 къорды: хистæр цæттæгæнæн, астæуккаг æмæ кæстæр – уым вæййынц 4 азы онг сабитæ. Æдæппæтæй рæвдауæндоны ис 55 сывæллоны. Лескены цæрджытæ зæрдæ дарынц, хæстæгдæр рæстæг рæвдауæндон йæ дуæрттæ кæй байгом кæндзæн æмæ сывæллæттæ сæ рæстæг ноггонд, нырыккон уавæрты кæй æрвитдзысты, ууыл.




