Ныртæккæ дзы уыцы-иу рæстæг æххæст кæнынц мидаивгæнæн куыстытæ, инженерон хызты монтаж æмæ территорийы рацарæзт
Беслæны дарддæр цæуы сывæллæтты аивадон скъолайы ног бæстыхайы арæзтад — 3 уæладзыджы, райдзаст кабинеттæ æмæ 50 кусæджы алы бон дæр. Ныртæккæ дзы уыцы-иу рæстæг æххæст кæнынц мидаивгæнæн куыстытæ, инженерон хызты монтаж æмæ территорийы рацарæзт. Сæйраг цалцæггæнæн куыстытæ фæуынвæнд кæнынц афæдзы кæронмæ. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
3 уæладзыджы, райдзаст кабинеттæ æмæ 50 кусæджы алы бон дæр — Беслæны дарддæр цæуы сывæллæтты аивадон скъолайы ног бæстыхайы арæзтад. Ныртæккæ дзы уыцы иу рæстæг æххæст кæнынц мидаивгæнæн куыстытæ, инженерон хызты монтаж æмæ территорийы рацарæзт. Бæстыхай цæттæ у — къултæ сты амад, йæ сæр — амбæрзт. Электрон тыхы хызы монтажы, вентиляцийы, ныллæг точы системæйы, зынгсирвæзтыты ныхмæ æмæ æдасдзинад хъахъхъæнынады сигнализациты куыстытæн сæххæст кодтой сæ иу хай.
Фидæны скъолайы мидæгæй бæрæг дарынц ахуырадон кълæстæ. Кусджытæ кæнынц къулсæрст, раст кæнынц пъолтæ, монтаж кæнынц хъармгæнæн æмæ дондзæуæн, стæй канализацийы системæтæ. Афæдзы кæронмæ фæнд кæнынц сæйраг цалцæггæнæн куыстытæ фæуын. Скъола йæ дуæрттæ хъуамæ байгом кæна ног азы райдиан.
Ног бæстыхаимæ æрыгон нывгæнджытæн фæуæрæхдæр уыдзысты сæ фадæттæ сфæлдыстадон куыст кæнынæн. Нывтæ кæнынæй уæлдай сæ ахуыр кæндзысты дизайныл æмæ декоративон æрмдæсныйады хуызтыл. Уыдзæн дзы æрмадзтæ керамикæйæ архайынæн дæр.
Ног скъоламæ цæуыны фадат уыдзæн 300 сывæллонæн. Хæстæгдæр дыууæ азмæ кæй райсдзысты, уыдоны номхыгъд саразыны фыццаг къæпхæн æххæстгонд у. Ныр банхъæлмæ кæсын хъæуы арæзтадон куыстыты кæронмæ, цæмæй ахуыртæ зæронд кабинеттæй, сæрмагондæй сфæлдыстадæн æмæ сывæллæтты рæзтæн кæй сарæзтой, уыцы ног тыгъдадмæ ивд æрцæуой. Аивадон скъолайы арæзтад бантыст «Сывæллæттæн æмæ фæсивæдæн ахуырæн, фæлладуадзынæн æмæ æнæниздзинад хуыздæр кæнынæн фадæтты рæзты» федералон проекты руаджы.




