Мадзал бацæттæ кодтой фыссæджы райгуырды 125 азмæ
Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы уыд Боциты Бароны мысæн изæр. Мадзал бацæттæ кодтой фыссæджы райгуырды 125 азмæ. Фембæлды æрымысыдысты æхсæнадон архайæджы цард æмæ сфæлдыстад. Йæ поэтикон æмæ фыссæн курдиат раргом ивгъуыд æнусы 20-æм-30-æм азты. Фыста адæмы, фæллойы, хæххон царды зындзинæдты тыххæй. Фыста сывæллæттæн дæр. Уыд фыццаг советон романтæй иуы автор. Мысæн изæры дзырдтой, национ культурæйы райрæзтмæ цы æвæрæн бахаста, уый тыххæй. Боциты Барон уыд Дзæуджыхъæуы литературон музейы фыццаг директор. Бирæ куыста фæсивæдимæ, уыд ахуыргæнæг уæд нырма Цæгат Ирыстоны педагогон институты. Абон ирон литературæйы музейы сты Бароны къухфыстытæ, йæ фыстæджытæ, чингуытæ æмæ хуызистытæ.




