филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:43 понедельник, 02 ноября 2026
08 октября 2026, 09:43
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты арæзт æрцыд, журналистикæйы факультеты студентты æмæ литературон-аивадон журнал «Дарьял»-ы реадкцийы кусджыты фембæлд

Мадзал баст уыд дывæр юбилеимæ: рауагъдыл сæххæст 35 азы, 90 азы та сæххæст йæ фыццаг сæйраг редактор, фыссæг Тотраты Русланы райгуырдыл

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты арæзт æрцыд, журналистикæйы факультеты студентты æмæ литературон-аивадон журнал «Дарьял»-ы реадкцийы кусджыты фембæлд. Мадзал баст уыд дывæр юбилеимæ: рауагъдыл сæххæст 35 азы, 90 азы та сæххæст йæ фыццаг сæйраг редактор, фыссæг Тотраты Русланы райгуырдыл. Фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой журналы истори æмæ рæзтыл, æмæ йæ нысаныл нырыккон литературон процессыл. Абон дæр «Дарьял»-ы сыфтыл бакæсæн ис Цæгат Ирыстоны, Цæгат Кавказы æмæ Уæрæсейы æндæр регионты литераторты прозæ, поэзи, драматургийæ æмæ публицистикæ. Редакцийы куысты хицæн здæхт баст у — фысджыты, нывгæнджыты æмæ иртасджыты ног фæлтæрæн æххуыс кæнынимæ. 35 азмæ журнал сси, Кавказы литературон æмæ æхсæнадон цард æвдисæг сæрмагонд фæз уырыссаг æвзагыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania