филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:38 понедельник, 02 ноября 2026
14 октября 2026, 10:59
Дзæуджыхъæуы байгом поэзийы фыццаг театр

Æппæтадæмон фестиваль «Ирон фæндыр»-ы программæ æххæст кæнгæйæ

3-аг Æппæтадæмон фестиваль «Ирон фæндыр»-ы программæ æххæст кæнгæйæ, Дзæуджыхъæуы байгом поэзийы фыццаг театр. Цæгат Кавказы федералон зылды та у дыккаг. Фестивалы архайынц Уæрæсейы æмæ дунейы алы рæттæй. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Литературæйы æвзаг у хæлардзинады æвзаг. Ныр 3-аг хатт поэзийы æппæтадæмон фестиваль «Ирон фæндыр» Дзæуджыхъæуы æрæмбырд кодта архайджыты Уæрæсейы æмæ дунейы алы рæттæй. Сæ нысан у культурæты иудзинад. Ууыл ныхас цыд æмбырды «Адæмты иудзинад. Литуратурæты иудзинад».

Ацы темæ фестивалы сæрмагонд бынат ахсы. Фестивалы уыдзæнис Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр»-ы презентаци хъуымыхъхъаг æмæ башкираг æвзæгтыл. Нæ тæлмацгæнджытæ дæр иуварс не рлæууыдысты: литературæуарзджыты размæ рахæсдзысты уæрæсейаг авторты чингуытæ ирон æвзагмæ тæлмацгондæй. Форум цæуы, Уæрæсейы фысджыты Цæдисы æххуысæй.

Фестивалы фæлгæты байгом, республикæйы фыццаг, бæстæйы æмæ дунейы та дыккаг поэзийы театр. Афæдзы размæ ацы залы бынаты снысан кодтой культурон артдзæстæн бындур сæвæрын. Ног театр скæныны хъæппæрис разынд поэт æмæ тæлмацгæнæг Баситы Зæлинæмæ. Баххуыс кодта меценат Мæрзойты Тамерлан. Театры аивадон разамонæг сси Цæгат Ирыстоны адæмон артист Цæриаты Валерий.

Труппæйы сæйраг хыгъд нысангонд у, фæлæ уæрæхдæр кæндзæн. Театр суыдзæн сфæлдыстадон фæз æвзонг курдиаттæн – поэттæн, фысджытæн, литератортæн, актертæн.

Фестиваль гом кæныны мадзалы бирæ адæм архайдта. Алы уазæг дæр ацы театры уыны ирон æвзаг æмæ культурæ хъахъхъæныны, курдиат раргом кæныны гæнæнтæ. Фестиваль та у литературæтæ иу кæныны фæрæз.

Рифмæйы æмæ национ колориты бæрæгбон нырма йæ райдиан къæпхæны ис. Йæ архайджыты уырны: фидæны фембæлдтытæ ма ноджы фылдæр ирд ахорæнтæ бахæсдзысты национ литературæйы дунемæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania