филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:02 пятница, 23 октября 2026
23 октября 2026, 10:49
Адæмон фронты минæвæрттæ сбæлвырд кодтой Дзæуджыхъæуы цалдæр уынджы фæндæгты уавæр

Цæрджыты хъæстытæм гæсгæ бабæрæг кодтой Пушкинскийы, Островскийы, Владикавказскийы æмæ Гагкайты Алиханы уынгтæ

Адæмон фронты минæвæрттæ сбæлвырд кодтой Дзæуджыхъæуы цалдæр уынджы фæндæгты уавæр. Цæрджыты хъæстытæм гæсгæ бабæрæг кодтой Пушкинскийы, Островскийы, Владикавказскийы æмæ Гагкайты Алиханы уынгтæ. Фæндæгтæ дзы сты базилинаг. Фиппаинæгтимæ информаци æхсæнадон архайджытæ арвитдзысты горæты администрацимæ.  Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Дзыхъхъытæ, асфальты скъуыдтæ. Шофыртæ фæлварынц радон дзыхъхъы ма ныххауын. Пушкинскийы уынджы ацы уаццаг бындуронæй цалцæг кодтой 7 азы размæ. 2 азы размæ аразджытæ гарантимæ гæсгæ дзыхъхъытæ бампъызтой. Абон та уæлцъар у базилинаг.

Островскийы уынджы дæр шофырты бацархайын хъæуы, фæндагыл цæугæйæ дзыхъхъы ма ныххауын. Адæмон фронты минæвæрттæ ардæм дæр æрбацыдысты цæрджыты хъастмæ гæсгæ.

Бонæй-бонмæ стырдæр кæнынц дзыхъхъытæ Владикавказскийы уынджы фæндаджы уаццагыл дæр. Скъола, сывæллæтты рæвдауæндон, æхсæнадон транспорты цалдæр маршруты. Ахæм интенсивон змæлдæн фæндаджы уæлцъар нæ фæразы.

Мониторингы иу пункт ма Гагкайты Алиханы уынг. Цалдæр азы размæ ам хæтæл ивтой. Уæлцъар сног кодтой, фæлæ хорз конд не рцыд. Дзыхъхъытæ ис кæртыты хсæн территорийы дæр. Æмæ уыдон се ппæт лыггæнинаг фарстатæ не сты.

Æмæ ахæм бынæттæ горæты чысыл нæй, зæгъынц Адæмон фронты минæвæрттæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, æмтгæй райсгæйæ, фæстаг азты фæндæгты уавæр зынгæ фæхуыздæр, фæлæ ма ис бакусинаг фарстатæ.

Мониторингы хатдзæгтæм гæсгæ, алы уаццагы фæдыл фиппаинæгтæ æрвыст æрцæудзысты дзуапдæттæг структурæтæм. Мониторинг дарддæр æххæстгонд цæудзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania