филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:38 понедельник, 02 ноября 2026
24 октября 2026, 10:20
Дигорайы уыд Бердиты Солтаны номыл 12-æм турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

Æдæппæтæй 180 архайæджы Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй, Хуссар Ирыстонæй, Словакийæ

Дигорайы уыд Бердиты Солтаны номыл 12-æм турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыс кодтой 11 -12 азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппутæ. Æдæппæтæй 180 архайæджы Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй, Хуссар Ирыстонæй, Словакийæ. Уæлахиздзауты æмæ призерты сбæрæг кодтой 10 уæзы категорийы. Хъæбысхæцджытæн ма уыд сæрмагонд хæрзиуджытæ дæр. Бæстондæр хабæрттæ турниры тыххæй бозондзыстæм Сосранты Жаннæйы сюжетæй.

Бердиты Солтаны номыл 12-æм ерыстæ райдыдтой йæ фыдыбæстæйы патриот, йæ уарзон Дыгуры районы, Ирыстоны цæрджыты фидæнмæ куыд фæндыйы цæстæй чи нæ касти, уыцы Бердиты Солтаны монументыл дидинджытæ сæвæрынæй, Дигорайы Намысы Аллейæйы. Æвзонг богæлттæ, сæ тренертæ, Дыгуры районы администрацийы минæвæрттæ сæххæст кодтой æрвылазон традици.

Дыгуры районы раздæры сæргълæууæг Бердиты Солтан йæ фæсте ныууагъта рæсугъд фæд. Йæ фæрнджын хъуыддæгтæ йæ номимæ цæрдзысты æнустæм. Бердиты Солтаны хъæппæрисæй  Дигорайы арæзт æрцыд бирæ хъуыддæгтæ, се хсæн спортивон залтæ Дигорайы, Мустыздæхы,  Мадымайрæмы аргъуан, Намысы аллейæ, парк. Кæд йæ амæлæтæй æзтæ рацыд, уæддæр Солтаны рæдау уд æмæ зæрды миниуджытæ бирæтæ хæссынц дæнцæгæн.

Мадзалы кадджын уазджытæй алчидæр  арфæ кодта Бердиты Солтаны кæстæртæн, сывæллæттæн кæй дæдтынц фадат сæхи ацы спорты хуызы бафæлварынæн.

Номарæн мадзалы архайджытæ минут æдзæмæй алæугæйæ ссардтой Бердиты Солтаны рухс ном.

Уæгъдибар хъæбысхæстæй спорты хуызы архайджытæн ацы ерыстæ сты  тынг ахсджиаг . 2011 азæй дзы рацыд дзæвгар зындгонд спортсментæ. Ныр, уæды ерысдзаутæ, æрбахуыдтой сæ хъомылгæнинæгты.

Ацы аз ерысты бацархайдта 180 æрыгон спортсменты. Сæ фылдæры тренертæ рацыдысты  ацы ерыстæй.

Бердиты Солтан районы сæргълæууæгæй куыста нæ бæстæйы зын социалон-экономикон уавæры рæстæг. Фæлæ зындзинæдтæ нæ хынцгæйæ стыр лæггæдтæ бакодта йæ райгуырæн бæстæйæн. Йæ хъæппæрисæй районы фæзындысты спортивон залтæ æмæ Мустыздæхы комплекс. Æмæ уæдæй районæй рацыд спорты мастертæ æмæ Дунейы чемпионаты призертæ. Афтæмæй районы фæсивæдæй бирæтæ,  Солтаны хъæппæрисæй се ргом раздæхтой спортмæ.

Ирон адæммæ ахæм ныхас баззад «Фырт фыдæй хуыздæр куыд уа», ахæмтæ сты Солтаны цот. Сæ хъæппæрисæй 12 азы арæзт  цæуы номарæн турнир, фæнды сæ цæмæй сæ фыды фæнд царды дарддæр æххæстгонд цæуа.

Ацы турнир аразджытæ, Бердиты Солтаны кæстæртæ, бакусынц  æрыгон спортсменты зæрдæтæ барайдзаст кæныныл. Æппæт архайджытæн дæр бацæттæ кæнынц зæрдылдарæн лæвæрттæ, сихор. Уæвгæ, амалы архайджыты ныхæстæм гæсгæ ацы турнирæн нæ бæстæйы æмбал нæй.

Гауызыл сæ арæхстдзинад райдыстой 2013-æм-2014-æм азты чи райгуырд, ахæм хъæбысхæцджытæ республикæйы æппæт районтæй. Уæлахиздзауты æмæ призерты сбæрæг кодтой 10 уæзы категорийы. Схорзæхджын сæ кодтой майдантæй, призтæй æмæ дипломтæй. Турнир аразджытæ ма снысан кодтой сæрмагонд призтæ: «Хуыздæр техникæйы тыххæй», «Уæлахизмæ тырнындзинады тыххæй», «Æппæтæй æвзонгдæр архайæгæн» æмæ «Адæмы зæрдæмæ фылдæр чи фæцыд, уымæн».

Бердиты Солтаны номыл ерыстæ рагæй систы æвзонг спортсменты иугæнæн фæз. Алы ныхмæлæуды дæр хъæбысхæцджытæ æвдисынц фæуæлахиз уæвынмæ тырнындзинад..

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania