филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:03 понедельник, 02 ноября 2026
29 октября 2026, 10:33
Дзанайты Барисы разамындæй уыд, хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæныны фæдыл æмбырд

Дзанайты Барис се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, инженерон системæты куыстæй аразгæ кæй у — адæмы хъармæй, электрон тыхæй æмæ газæй ифтонг кæныны хъуыддаг

Дзанайты Барисы разамындæй уыд, хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæныны фæдыл æмбырд. Архайдтой дзы æххæстгæнæн хицаудзинады профилон оргæнты разамонджытæ, техникон цæстдарды Управленийы минæвæрттæ, ресурстæй ифтонггæнæн организациты специалисттæ, стæй республикæйы районты сæргълæуджытæ. Дзанайты Барис се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, инженерон системæты куыстæй аразгæ кæй у — адæмы хъармæй, электрон тыхæй æмæ газæй ифтонг кæныны хъуыддаг. Афæдзы дæргъы цыди стыр куыст. Ивтой коммуникацитæ, цалцæг кодтой хызтæ æмæ кусæнгæрзтæ. Хицауады сæрдар куыд загъта, афтæмæй хъæуы бæлвырд æмæ ахадгæ кусын, цæмæй уазæлтты рæстæг ацæуа æнæ аваритæй æмæ æнæнхъæлæджы цаутæй. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объектты уавæры тыххæй радзырдта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъараты Тимур. Куыд бафиппайдта, афтæмæй хъармæгæнæн сезон цæуы нысангонд фæткмæ гæсгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania