филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:36 воскресенье, 01 ноября 2026
31 октября 2026, 10:02
Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы ахуырдзаутæн арæзт æрцыд экскурси 1-æгæм зынгхуссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хаймæ

Лæппутæн æмæ чызджытæн равыдстой сæрмагонд техникæ æмæ радзырдтой ирвæзынгæнджыты куысты тыххæй

Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы ахуырдзаутæн арæзт æрцыд экскурси 1-æгæм зынгхуссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хаймæ. Лæппутæн æмæ чызджытæн равыдстой сæрмагонд техникæ æмæ радзырдтой ирвæзынгæнджыты куысты тыххæй. Уазджытæ ма бабæрæг кодтой зынгхуыссынгæнæн пропагандæйы центр. Сæ зæрдыл сын æрлæууын кодтой зынгсирвæзты ныхмæ домæнтæ, стæй сын бамбарын кодтой, æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг раст куыд архайын хъæуы, уый. æвæстиаты службæтæм цавæр телефоны номырæй бадзурын хъæуы, уый дæр фехъусын кодтой. æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ йæ зонынц, ахæм экскурситæ сывæллæттæн куыд ахсджиаг сты, уый. Афтæмæй хуыздæр базонынц æмæ бамбарынц ног зонындзинæдтæ. Пайда сæ кæндзысты царды. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ фæсивæдæй бирæты бафæндыд фидæны зынгхуыссынгæнæджы дæсныйад равзарын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania