филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:51 понедельник, 09 ноября 2026
07 ноября 2026, 10:10
Хъамболты Марат Хуссар Ирыстоны Национ музейæн балæвар кодта Цæголты Кимы нывтæ, хуызистытæ æмæ фыстæджытæ

Уымæй дарддæр ма музей фæхъæздыгдæр легендарон инæлары эскизтæм гæсгæ конд Плиты Иссæйы, Мамсыраты Хаджумары æмæ Хетæгкаты Георгийы фарфорæй конд скульптурæтæ

Хъамболты Марат Хуссар Ирыстоны Национ музейæн балæвар кодта Цæголты Кимы нывтæ, хуызистытæ æмæ фыстæджытæ. Уымæй дарддæр ма музей фæхъæздыгдæр легендарон инæлары эскизтæм гæсгæ конд Плиты Иссæйы, Мамсыраты Хаджумары æмæ Хетæгкаты Георгийы фарфорæй конд скульптурæтæй. Инæлар-майор Цæголты Ким уыд паддзахадон архайæг, сабырдзинадтауæг æмæ курдиатджын нывгæнæг. Хуссар Ирыстоны зын рæсæтджытæ куы уыдысты, уæд архайдта ахсджиаг фембæлдтыты æмæ æххуыс кодта Цхинвал хъахъхъæныны хъуыддаджы. Хуссар Ирыстоны президент Хъамболты Марат куыд загъта, афтæмæй йæ фæнды, цæмæй Цæголты Кимы тыххæй зоной канд йе мдугонтæ нæ, фæлæ æрыгон фæлтæры минæвæрттæ дæр. Хъуамæ йæ зоной куыд хъуыстгонд инæлары, паддзахадон архайæджы, стæй йæ Фыдыбæстæйæн æгæрон лæггад чи кодта, ахæм хорз адæймаджы. Ирыстоны зындгонд адæмы истори хъуамæ цæра бинонты архивты æмæ ныртæккæйы цæрджыты мысинæгты, — бафиппайдта Хъамболты Марат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania