Фулдæр фæууинун, фулдæр базонун, Иристони кæмтти сосæгдзинæдтæ рапарахат кæнун æгас дуйнебæл, адтæй проект «Фæсевæди зонадон экспедици «Фæдзæхст Кавказ»-и архайгути нисан.
Фиддæлти фарнæ, сæ уодтæн хъазар ка адтæй, уоци гъуддæгутæ багъæуай кæнуни нисанеуæги хæццæ, Лескени гъæуи куст цæуй арви буни музейбæл. Æ саразаг æй Бетрозти Аслæнбег.
Фулдæр гæнæнтæ фæззиндзнæй Цæгат Кавкази хуæнхон-металлургон институти студенттæн. Сæ бон уодзнæй, сæ сæрдигон? уолæфæн рæстæг пайдайагæй рарветун, уой хæццæ ба ма æхцæ дæр бакосун.
Ниqqерæги хъиаматæн зин æй аргъ ис кæнун.Уæлдайдæр ба ма Фидибæсти Стур тугъдмæ сæ хъæболта ка рафæндараст кодта, æма се *сцудмæ , цæргæбонти, æнгъæлмæ кæсгæ ка байзадæй, уонæн. Сæ кадæн, алли анз дæр, Хæзнидони арæзт æрцæуй сæрмагонд мадзал.
Лескени дессаги æрдзи уиндæй фæххайгин æнцæ пратикон æхстити Уæрсей еристи архайгутæ. Бæсти алли къумтæй , ардæмæ, æрбацудæй 150 адæймаги. Ерис кодтонцæ Уæрæсей еугонд команди иуонг ис унбæл.
Цар цæуй æма фарнæ æрбахаста Дигори райони Дур-дури гъæумæ. Рæхги си арæзт æрцæудзæнæй социалон ахедундзинадæ кæмæн ес , уæхæн бунæттæ.
Скъоладзаутæн ралæудтæй сæ уолæфæн рæстæг. Цæмæй æй пайдайагæй рарветонцæ се нæнездзинадæ æма зондахастæн, уобæл басагъæс кодтонцæ республики Хецауадæ. Уавæртæ син конд æрцудæй Иристони лагерьти, удта скъолати.
Æноси æнгарæ. Æ сæдæ анзей бони кадæн берæ арфитæ райста Мæрзойти -Хъиргъути Вера. Æ бæрæгбонмæ хунд æрцудæй не сфæлдистадон къуар дæр.
Мӕскуй арӕзт ӕрцудӕй киунугути 10-аг фестиваль «Сурх Фӕзӕ». Ба си архайдта Иристони делегаци дӕр.
Ӕвзаг базонун ке фӕндуй, уонӕн лӕвар. Рохс фӕууидта Дигорон ӕвзаги хуӕдахургӕнӕн киунугӕ. Национ наукон
киунугӕдони адтӕй ӕ презентаци.
Не студий иуазӕг ӕй- Дигорон ӕвзаги хуӕдахургӕнӕн киунугӕ ниффинсӕг Тахъазти Федар.
Цæгат Иристони скъоладзаутæ дæдтунцæ Еумæййаг Паддзахадон фæлварæнтæ. Аци анз си архайуй 3 мини 793 адæймаги. Уонæй 269 æнцæ фæри рауагъдонтæ.
Æносон бæгъатæр. Уоци сæргонди хæццæ националон наукон киунугæдони арæзт æрцудæй Габети Уазгерий номбæл шахмæттæй турнир. Ба си архайдта 30 скъоладзауи .
Цуппар боней дæргъи Национ ертæстити центр Курчатови номбæл институти цудæнцæ Иристони бæнттæ. Адæми размæ си хаст æрцудæнцæ берæ цæмæдессаг æма медесгин амæлттæ. Сæйрагдæр ба æй – Центри хæццæ æмгустати бундор федардæр ке кæнуй, е.
Националон кафт зæрдæмæ гъаруй æма уоди игурун кæнуй цидæр æнахур, бæрзонд адæймаги менеугутæ. Уой туххæй дзурдтонцæ Чиколай кафти фестивали архайгутæ дæр.
Сайраг темитæ: Лескени хуæрзвадат горæти тугъдади программи фæрци аййевгонд цæуй гъæумæ бацæуæн. Скæндзæнæнцæ къахнæдтæ. Идарддæр фæлладуадзæн бунати скæндзæнæнцæ спортивон æма гъазæн фæзтæ. Сæ фиддæлти æгъдæуттæн кадæ кæнгæй, сæ фарнæ син идарддæр хæсгæй аразунцæ сæ цард Ирæфи райони Хæзнидони цæргутæ. Игонгонд си æрцудæй Номерæн Аллея, удта си арæзт æрцудæй, Уæрæсей фиццаг спортивон -физкультурон парад. […]
Рагон ӕгъдӕуттӕ царди сӕ бунат ерунцӕ. Хӕзнидони иснӕуӕг кодтонцӕ, Уӕлахезмӕ ӕвӕрӕн бахӕсгути номбӕл бӕхтӕбӕл догъ.
Мӕздӕги Гӕбулти Зойи ном равардтонцӕ гъӕунгӕн. Е ӕригон кизгӕй устур ӕвӕрӕн бахаста фудӕзнаги нӕдтӕ фӕццубурдӕр кӕнунмӕ.
Нæ абони райдзаст, сæребар цардмæ æвæрæн хæсгути нæмттæ фæлтæртæмæ хъæртун кæнунбæл куст цæуй Иристони æгас районти дæр. Ирæфи район дæр еци ггъуддаги фæстаг не зайунцæ.
Алли адæми хатти сæрагдæр цæгиндзæ æй -æвзаг. Уой фесафгæй , фæццидæр уодз
æнæнцæ æ хецæндзинæдтæ иннети æхсæн. Цæмæй уоци гъуддагæй хизт уæн, уобæл архайуй республикон газет Дигори коллектив.
Сайраг темитæ: Куд ӕгас Уӕрӕсей, уотӕ Иристони районти цӕргутӕ дӕр сӕхе цӕттӕ кӕнунцӕ Уӕлахези бонмӕ. Дзӕуӕгигъӕуи гъӕунгти фӕууинӕн ес Георгий лент иуаргути.Райдӕдта аллианзон акци.
Цард цæуй æма фарнæ æрбахаста Дигори райони Дур-дури гъæумæ. Рæхги си арæзт æрцæудзæнæй социалон ахедундзинадæ кæмæн ес, уæхæн бунæттæ.
Ахурадон центр «Вершини» хатдзæгтæ скодтонцæ Республики Сæргълæууæги Кубок рамолуни æртæ нæукей турнирæн.Ба си архайдта 500 скъоладзауи
Еума хатт бабæй Иристон бабæрæг кодтонцæ Турки цæрæг ирон, дигорон дзурд хæсгутæ. Æносæй фулдæр син æнтæсуй, уоми, сæ фиддæлти хæзнатæ фæлтæртæмæ дæдтун.
Цæгат Иристони гъæути Паддзахадон программити фæрци арæзт цæуй берæ, социалон ахадундзинадæ кæмæн ес, уæхæн объекттæ. Дигори райони сæбæл куд куст цæуй, уой фæууидта Хецауади сæрдар Дзанайти Барис.
Мæскуй метрополитени маршрутмæ рацудæй брендæвдесæг поезд «Иристон». Æ вагæнтти информаци дзорæг æй республики рæсугъдæр бунæттæбæл, национ традицитæбæл, историй ирддæр цаутæбæл. Уникалон поезд саив кæнунбæл бакустонцæ республики хицауадæ æма Дзæуæгигъæуи администраци
Урсдони скъолай байгом уодзӕнӕй агрокласс. Уой туххӕй бадзурд ба финстонцӕ Хуӕнхон Паддзахадон аграрон университети ӕма Дигори райони разамунд. 12 – аг апреля Цӕгат Иристони уодзӕнӕй кустдӕдтуни армуркъӕ. Ӕрбунӕттон уодзӕнӕй ӕртӕ фӕземи.
Сайраг темитæ: «Поклонимся Матери солдата…», ауӕхӕн сӕргонди хӕццӕ исфӕлдистадон конкурсмӕ райдӕдтонцӕ есун курдиӕдтӕ. Ӕ финӕлистти куститӕй конд ӕрцӕудзӕнӕй сӕрмагонд киунугӕ. Ӕ царди фулдӕр хай балӕвар кодта кӕстӕр фӕлтӕри гьомбӕладӕн… Ӕ зӕнхон цардӕй рахецӕн ӕй Иристони кадгиндӕр хестӕртӕй еу, ахуради ӕскъуӕлхт косӕг Зӕнгионти Геуӕрги.