филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:22 суббота, 27 апреля 2024
Аланий хабæрттæ
Аланий хабæрттæ

Федæнмæ райдзастæй къахдзæфтæ кæнуни фарстатæбæл радзоруни нисанеуæги хæццæ нæ равдистмæ æрбахудтан Хуасдзаути Тазæрети.

Нæуæг æвæрæн Иристони сфæлдистади хæзнадонæмæ. Рохс фæууидта киунугæ «Аргъæуттæ сабитæн Дигоронау»

Æ царди фулдæр хай балæвæар кодта сувæллæнтти гъомбæладæн. Нур ин æ зæрдæ рохс кæнунцæ æ ахурдзаути берæ фæлтæртæ.
Дзæуджыхъæуы, хицауады администрацийы сæргълæууæг Гобеты Ибрагимы размындæй æмбырды дзырдтой, Беслæны фыццæгæм скъолайы æмæ Зæдты Горæты мемориалон комплексы 1-3 сентябырмæ цы мадзæлттæ ацæудзысты, уыдоны тыххæй. 1 сентябры, 9 сахаты æмæ 15 минутыл скъолайы территорийы айзæлдзæн дзæнгæрæг, уый фæстæ сæвæрдзысты дидинджытæ æмæ райдайдзæн саударæн литургия. 13 сахатыл Беслæны культурæйы галуаны ацæудзæн æрвылазон пресс-конференци, изæрæй та скъолайы кæрты ссуддзысты мыдадзын цырæгътæ. 2 сентябры скъолайы кæрты аргъуаны ацæудзæнис литургия, саударæн мадзæлттæ та цæудзысты куыд скъолайы, афтæ мемориалон комлексы дæр. Æртыккæгæм сентябры æртындæс сахаты æмæ фондз минутыл скъолайы кæрты дыууæ хатты айзæлдзæн дзæнгæрæг. Уый фæстæ æрбацæуæг адæм иу минут æдзæмæй алæуудзысты, стæй арвмæ суаддзысты уæлдæфон шартæ. 13 сахаты æмæ 20 минутыл райдайдзæнис дзуары цыд. Габеты Ибрагим куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй мадзæлтты пъланыл дарддæр кусынц æмæ йæ ныммыхуыр кæндзысты хæстæгдæр бонты.
Зонындзинæдты боны агъоммæ нæ республикæйы æппæт ахуыргæнæндæттæ фендзысты кинологтæ. Сентябры фыццаг бонты цæрджыты æдасдзинад хъахъхъæндзысты фондзсæдæ адæймаджы бæрц. Уыдонæй æртæсæдæ сты мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ, æстай — Уæрæсейы гвардийæ, иннæтæ та коммерцион хъахъхъæнынадон организациты минæвæрттæ. Уый тыххæй тероризмы ныхмæ къамисы æмбырды загъта Дзæджыхъæуы администрацийы ахуырады управленийы минæвар Къорнаты Арсен. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сывæллæтты æдасдзинад баххæст кæнынмæ балхæдтой дыууæсæдæ æфсæйнагсгарæны. Æппæт ахуыргæнæндæтты дæр ис фæдисы дзæнгæрджытæ, хъахъхъæнджытæм та ис лицензитæ æмæ æндæр бардæттæг гæххæтыттæ. Уымæй уæлдай ахуырадон куыстуæтты ис видеоцæстдарды фæрæзтæ.

ЦИПУ-йы бындурыд байгом уыдзæнис уæрæсейы ахуырады академийы наукон центр. Уый тыххæй бадзырд бафыстой академийы президент Ольгæ Васильева æмæ университеты ректор Огъуаты Алан. Ольга Васильевайы хъуыдымæ гæсгæ, нæ республикæйы наукон æхсæнад æмæ кульруонт тыгъдад стыр æххуыс уыдзысты какдемийæн ног иртæстытæ аразынмæ, стæй фæбæрзонддæр кæндзысты ахуырады æмвæзад дæр. Огъуаты Аланы фиппаинагмæ гæсгæ университеты ахуыргæнджытæ цæттæ сты иумæйаг программæты архайынмæ æмæ ахуыргæнæндоны наукон æмвæзад уæлдæр кæнынмæ.
Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц стурвосæн хъæбæр холы. Хъæууонхæдзарады министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй уал ныридæгæн бацæттæ кодтой сæдæ цыппор æртæ мин тоннæйы. Æрвылаз уыцы бæрæггæнæн нæ республикæйы вæййы сæдæ æстай мин тоннæйæ фылдæр. Холы саразынæн пайда кæнынц иуазон æмæ бирæазон кæрдæджытæй, стæй уыгæрдæнты чи баззайы, уыцы хосæй. Ведомствæйы куыд зæгъынц, афтæмæй зымæгмæ холы цæттæ кæныны хъуыддаджы æппæты хуыздæр бæрæггæнæнтæ æвдисынц Мæздæджы, Алагиры, Кировы, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты. Цæгатирыстойнаг аграрийтæ бацæттæ кодтой æвдай мин тоннæйы бæрц хос, æвдай иу тоннæйы хъæмп, стæй 2 мин тоннæйы сенаж.

Хæстæгдæр суткæйы дæргъы нæ республикæйы рæстæггай уыдзæн асæст, æхсæвы ранæй рæтты рауардзæн, æрцæудзæн тæрккъæвдатæ. Боныгон нæ уардзæн. Быдыры районты æмæ хохрæбынты тæссаг у зынгсирвæзтытæй. Атмосферæйы æлхъывдад 700 миллиметры, уый у нормæ. Уæлдæфы уымæлад 47 проценты. Уæлдæфы температурæ республикæйы æхсæвы 14-16 градусы, бонæй 25-30 градусы хъарм. Дзæуджыхъæуы æхсæвы 14-16 градусы, бонæй 25-27 градусы хъарм.

28 августа, 09:00
Аланий хабæрттæ

Цæгат Ирыстоны коронавирусимæ уавæр зæрдæхсаинаг нæу – хъусын кæны Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг управлени. Рынчынты бæрцыл нæ бафтыд, фæстаг хатт та инфекции нæ регионы территорийыл рабæрæг дыууæ къуырийы размæ. Ахæм уавæр ис иннæ регионты дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – абон æнæниздзинадхъахъхъæнынады дунеон организаци фехъусын кодта, коронавирусæй рынчынты нымæц æвиппайды æхсай фондз проценты кæй фæфылдæр, уый тыххæй.
Цæгат Ирыстоны æвзарæн къамисы уæнгтæ æрзылдысты дæс мин хæдзарыл. Ныхас кодтой æвзарджытимæ æмæ сын дзырдтой хъæлæс кæныны боны фæткы æмæ кандидатты тыххæй. Къамисы уæнгтæ архайдтой фæлварæн проект «Мобилон бынæттон æвзарæн къамисы» домæнтæ æххæсткæнгæйæ. Специалисттæ пайда кæнынц сæрмагонд программæ, кæцымæ хæссынц æвзарджыты тыххæй бæрæггæнæнтæ. Базонæн сæ ис сæрмагонд уæлæдарæсмæ гæсгæ. Æвзарæн къамисы уæнгтæ хæрдзæрттыл зилдзысты дыууынæм августмæ. Мадзалы дыккæгæм къæпхæн райдайдзæн 25 августы æмæ ахæсдзæн 6 сентябырмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – 9 æмæ 10 сентябры Цæгат Ирыстоны дæс районы ацæудзысты æвзæрстытæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм.

21 августа, 09:00
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania