филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:34 пятница, 26 апреля 2024
11 декабря 2019, 18:05
Абон у хæхты æппæтадæмон бон

Нæ дарддæры æрмæджы хъайтартæй иуæн хæхтæ балæвар кодтой амондджын цард. Иннæмæн систы йæ хадзар.

Абон у хæхты æппæтадæмон бон. Уыдон ахсынц зæххы къорийы 30 %. Æрдзон хæзнатæй уæлдай адæймагæн лæвар кæнынц рæсугъддзинад æмæ уæлмонц хъуыдытæ. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтартæй иуæн хæхтæ балæвар кодтой амондджын цард. Иннæмæн систы йæ хадзар. Бæлвырддæр радзурдзæн Дудиаты Джинæ.

Сасиаты Исламыл цæуы æстай цыппар азы. Йæ цард снывонд кодта йæ райгуырæн хæххон хъæу Дæргъæвсæн. Ислам куыд зæгъы, афтæмæй йын, студентæй, уæд фадат уыди горæты баззайынæн. Фæлæ йæ цард æнæ йæ уарзон хæхтæй уынгæ дæр нæ кодта.

Йæ бинойнаг Азæимæ Ислам схъомыл кодта 4 сывæллоны. Ныртæккæ сæ алкæмæндæр ис бинонтæ. Сæ хистæрты сæхимæ æрласыны фæнд сæм бирæ хæттыты уыди. Фæлæ Исламы нæ бафæндыди хæхбæстæ ныууадзын. Æнкъард кæнынмæ йын ам рæстæг нæй. Дары бирæ фос, уæдæ йæ хæдзар æдзухдæр дзаг у уазджытæй. Гост, афтæ йæ хонынц йæ хæлæрттæ, уæгъд рæстæг та фæфыссы æмдзæвгæтæ. Æрæджы рухс федта йæ поэтикон æмбырдгонд. Йæ сисы бынæй рацæуы алы темæтимæ баст рæнхъытæ. Фæлæ уыдонæй сæйрагдæр уæддæр у хæхтæм уарзондзинад.

Дæргъæвсы ис, æмбал кæмæн нæй, ахæм Некрополь. Ардæм арæх ссæуынц алы рæттæй туристтæ. Ислам сыл сæмбæлы зæрдæрухсæй, æмæ сын райгуырæн комыл  скæны цымыдисаг экскурситæ. Ацы бынæтты историтæ æмæ цаутæ зоны æппæтæй хуыздæр.

Фæстаг рæстæг хæхбæстæм се ргом аздæхтой бирæ адæм. Гæлиаты фæстæмæ æрцарди Хъалаты Георгий дæр. Ам цæры 10 азмæ хæстæг. Зымæгон дæр фæцæуы бæгъæввадæй. Уазджытæн æгас цæуай фæзæгъы зæрдиагæй, фæлæ камерæмæ дзурын тынг нæ уарзы.

Георгимæ ис бирæ стурвос. Хæхты фæхстыл хизынц сæрдæй-зымæгæй, æмæ сын уæлæмхасæн хæринаг дæр нæ фæхъæуы. Горæтмæ æрцæуынмæ, æмæ æрцæрынмæ Георгий нæ хъавы. Куыд зæгъы, афтæмæй ам ис йæ хæдзар, æмæ æрмæстдæр ам æнкъары йæхи иттæг хорз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania