филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:03 суббота, 11 мая 2024
29 августа 2023, 11:21
21-æм æнусы хорзæхтæ хæццæ кæнынц дæрддзæф районтæм дæр

Афтæ æрæджы чырæ бастдзинад фæзынд Хохы Карцайы

21-æм æнусы хорзæхтæ хæццæ кæнынц дæрддзæф районтæм дæр. Афтæ æрæджы чырæ бастдзинад фæзынд Хохы Карцайы. Кæд дзы бирæ цæрджытæ нæй, уæддæр ацы хъуыддагыл се ппæт дæр бацин кодтой. Уый нæ, фæлæ ма фæстæг рæстæг ам зынгæ фæфылдæр туристты нымæц дæр. Уыдонæн дæр ацы ногдзинад сæ зæрдæтæ барухс кодта. Уæвгæ, Уæрæсейы цифрæйы Министрад уæлдай æргом здахы дæрддзæф чысыл хъæутæм. Уымæ гæсгæ Ирыстоны цæрджытæн  фадат ис интернеты онлайн хуызы схъæлæс кæнын, цæмæй  нæ республикæйы дыууæ хъæуы ифтонг æрцæуой нырыккон дуджы хъæугæ фæрæзæй.

Хохы Карцайы æрæджы фæзынд, нæ цард æнæ цæмæй нал уынæм, ахæм нырыккон дуджы фæрæзтæй иу – мобилон бастдзинад. Хъæуы ис 8 хæдзары. Иудадзыг дзы цæры 30 адæймаджы. Уыдонæй æхсызгондæр кæмæн у ацы ногдзинад!?

Хохы Карцайы мобилон бастдзинадæй пайда кæнынц туристтæ дæр. Æрдзы рæсугъддзинæдтæ фенынмæ ардæм ссæуынц адæм Уæрæсейы алы рæттæй. Нæхи республикæйы цæрджытæй дæр бирæтæ сæ фæлладуадзæн рæстæг æхсызгонæй фервитынц хæхбæсты.

Куырттаты комы алæмæты рæсугъд  æрдз туристты йæхимæ рагæй æлвасы. Гусæрайæ Карцайы рæзты авд километры уæлæмæ фæндагыл ссæуынц хохрæбынмæ æхсæрдзæн фæнынмæ. Уым фæулæфынц, сæ къамтæ фæисынц. Фидæнмæ ацы бынат фаивдæр кæнын нысан кæны Алагиры районы разамынд.

Мобилон бастдзинады фæзынд фæрогдæр кодта Хохы Карцайы адæмы цард. Уый руаджы бынæттон разамонæг дæр йæ куысты фарстытæ дæр  тагъддæр лыг кæны. Цæрджытæ бузныг сты, ацы хъæугæ мадзал конд кæй руаджы рцыд, уыдонæй.

Уæрæсейы  Федерацийы цифрæйы министрад  парахат кæны  интернет æмæ мобилон бастдзинад  дарддзæф чысыл хъæуты. Уымæ гæсгæ Ирыстоны цæрджытæн  фадат ис интернеты онлайн хуызы схъæлæс кæнын, цæмæй  нæ республикæйы  дыууæ хъæуы  ифтонг æрцæуой нырыккон дуджы хъæугæ фæрæзæй. Хъæлæс  раттын  æмбæлы 10-æм сентябрмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania